Цхинвалы медцентры дохтыртӕ ауагътой сывӕллӕтты профилактикон басгӕрст Ленингоры

Профилактикон мадзӕлтты фӕлгӕтты дохтыртӕ басгарынц сывӕллӕтты Хуссар Ирыстоны районты
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 сен - Sputnik. Республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ) дохтырты бригадӕ ауагъта Ленингоры поселочы сывӕллӕтты профилактикон басгӕрст, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.
Уӕрӕсейаг микрохирург ауадздзӕн ӕнӕаргъ консультацитӕ ӕмӕ операцитӕ Цхинвалы
"Басгӕрст рацыдысты 50 сывӕллоны, сӕ нымӕцы Ленингоры сывӕллӕтты хӕдзары 20 хъомылгӕнинаджы. Дохтырты бригадӕйы сконды сты: сӕйраг педиатр, дохтыр-сывӕллӕтты хирург, дохтыр-офтальмолог, отоларинголог, УЗИ диагностикӕйы дохтыр ӕмӕ стоматолог", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Дохтырты снысан кодтой низтимӕ сывӕллӕттӕн диспансерон хъусдард ӕмӕ ӕмбӕлон хоскӕнынад.
Афтӕ ма медицинон бригадӕ ауадздзӕн профилактикон басгӕрст Дзауы поселочы, уый фӕстӕ та республикӕйы ӕндӕр районты цӕрджыты диспансеризаци.