Радзур: цхинвайлаг зарӕггӕнджытӕ цӕттӕ кӕнынц сӕ ног трекы презентацимӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 ноя – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссарирыстойнаг зарӕггӕнджытӕ Джиоты Люба ӕмӕ Хъодалаты Мария рауадздзысты сӕ иумӕйаг зарӕг "Радзур" ирон ӕвзагыл, фехъусын кодта Sputnik автортӕй иу Джиоты Люба.
Уый банысан кодта, зарӕгӕн презентаци кӕй уыдзӕн майрӕмбоны, 3-ӕм декабры.
"Марияимӕ нӕ ног зарӕг рацӕудзӕн къуырийы кӕрӕтты. Трек бацыд нӕ иумӕйаг альбом "Хурӕн зарыд мӕй"-мӕ", - загъта Люба.
Зарӕггӕнӕг ма бафтыдта, бынтон ӕрӕджы сӕ альбомӕн кӕй фӕзынд цъар дӕр, кӕцыйыл бакуыста ирон нывгӕнӕг Кӕсойты Алан. Йӕ дизайн ӕввахс лӕууы альбомы номмӕ.
"Уымӕй чысыл фӕстӕдӕр та - 6 декабры ацӕудзӕн мӕ зарӕг "Ныббар"-ы презентаци", - бафтыдта автор.
Музыканттӕ Плиты Олег ӕмӕ Джиоты Люба ныффыстой иумӕйаг трек
Джиоты Любайы ном айхъуыст Цӕгат Ирыстоны "Осетия-Ирыстон" телеканалы проект "Азар ма"-йы хайадисты фӕстӕ. Мадзалы Люба райста кӕсджыты симпатийы приз.