ЦХИНВАЛ, 1 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы къуырийы кӕронмӕ ахицӕн уыдзӕн скъоладзауты диспансеризаци, фехъусын кодта районы рынчындоны разамонӕг Гасситы Константин.
Медиктӕ ныридӕгӕн кусынц Дзауы скъолайы, ахуырадон уагдоны контингент у 200 ахуырдзауы.
"Тынг ахсджиаг у, кӕстӕрты сгарын кӕй райдыдтой, рагӕй нӕм нӕ цыд ахӕм куыст. Кусынц нӕхи бынӕттон дохтыртӕ ӕмӕ РБМЦ-йы специалисттӕ - хирург, педиатр, лор ӕмӕ окулист. Уымӕй дарддӕр арӕзт цӕуынц анализтӕ", - загъта Гасситы Константин.
Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, басгӕрст цы проблемӕтӕ равдиса, уыдонмӕ дарддӕр здӕхт цӕудзӕн хъусдард.
"Рабӕрӕг кодтам зӕрдӕйы, цӕстыты ӕмӕ ӕндӕр низтимӕ проблемӕтӕ скъоладзаутӕн. Сӕ басгӕрсттӕ бӕстон ахуыр цӕудзысты", - бафтыдта медик.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, диспансеризаци цӕуы дыууӕ этапӕй - кӕстӕртӕ ӕмӕ хистӕрты хсӕн.
"Карджын адӕмы диспансеризаци цӕуы уӕззаудӕрӕй, ацы басгӕрст сӕрдмӕ хъавӕм фӕуын. Уый дӕр бирӕ бӕрцӕй аразгӕ уыдзӕн эпидемиологон уавӕрӕй", - бафиппайдта сӕйраг дохтыр.
Медиктӕ ныридӕгӕн чысыл цухдзинад ӕвзарынц ӕрмӕгӕй, бафтыдта Гасситы Константин, фӕлӕ сын ног къуырийы ныфс дӕттынц баххӕст кӕнын ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕгӕй.