Югосетпотребнадзоры хистӕр: Хуссар Иры къаддӕр кӕны коронавирусӕй рынчынкӕнынад

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 мар - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Коронавирусы радон уылӕн республикӕйы нымӕг кӕны, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг банысан кодта, азы райдианӕй кӕй къаддӕр кӕны коронавирусон инфекцийӕ рынчынты нымӕц.
"Январы саразгӕ тестты иумӕйаг нымӕцы 42% уыдысты ӕвӕрццаг фӕстиуджытимӕ. Февралы ацы бӕрӕггӕнӕн ӕрхаудта 31% онг. 1-23 марты сарӕзтам 930 пробӕйы, кӕцытӕй 156 равдыстой низы уӕвынад. Уый та у тестты иумӕйаг нымӕцы 17%", - радзырдта уый.
Ацы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, бафтыдта санитарон дохтыр, зӕгъӕн ис, ӕмӕ республикӕйы цӕрджытӕн кӕй фӕзынд коллективон иммунитет.
Коцты Марина банысан кодта, инфекцийы парахаты коэффициент кӕй у 0,3 бӕрц, уый та у иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕн.
Хуссар Иры хицауад радих кодта фæрæзтæ медиктæн коронавирусы ныхмæ тохы тыххæй
Коронавирусы фӕстаг бӕрӕггӕнӕнты тыххӕй та Коцты Марина фехъусын кодта, фӕстаг суткӕ саразгӕ 30 тестӕй иу дӕр кӕй нӕ равдыста низы уӕвынад.
"Пандемийы рæстæджы мах ӕдӕппӕт сарӕзтам 68 мин лабораторон иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, вирусӕй фӕрынчын сты 14 104 адӕймаджы. Ныртӕккӕ дохтырты хъусдарды бын сты 14 адӕймаджы, фӕстаг суткӕ хыгъдӕй систой фондз пациенты. Инфекцион рынчындоны "сырх зонӕ"-йы хос кӕнынц ӕхсӕз рынчыны", - банысан кодта уый.
Санитарон дохтыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц Хуссар Ирыстоны абоны онг у 14 090.