Агитаци у тобӕгонд: Хуссар Иры расидтысты ӕнӕсымы бон

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 апр - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстытӕй иу бон раздӕр республикӕйы ӕрлӕууыд ӕнӕсымы бон.
Президентон ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты 10 апрелы. Бӕрзонд постмӕ претенденттӕ сты фондз адӕймаджы - Бибылты Анатолий, Тасойты Дмитрий, Гаглойты Алан, Плиты Александр ӕмӕ Плиты Гарри.
Ӕнӕсымы бон тобӕгонд у кӕцыфӕнды агитацион архайд ӕмӕ нымад цӕуы ӕнӕзакъонӕй. Уый хауы телеуынынад, радио, ДИФ, гӕххӕтытӕ ӕндадзыны куыст ӕмӕ баннерты кӕнынмӕ. Уымӕй дарддӕр сабаты нӕй гӕнӕн ӕмбӕлын адӕмимӕ.
Хуссар Иры президентон ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты 76 фадыгыл
Йӕ сӕйраг нысан у адӕймагӕн радтын фадат, ӕнӕ ӕндӕвдадӕй аскъуыддзаг кӕнын хъӕлӕс кӕныны фарст.
Ӕнӕсымы бон тобӕгонд у бафарста хатдзӕгтӕ мыхуыр кӕнын, кӕцытӕ гӕнӕн ис ӕмӕ бандавой ӕвзарджыты хъуыдыйыл.
Ӕвзӕрстыты бон ӕвзарӕн фадгуытӕ бакӕндзысты 8 сахатыл ӕмӕ сӕ сӕхгӕндзысты 12 сахаты фӕстӕ. Ӕдӕппӕтӕй кусдзӕн 76 ӕвзарӕн фадыг - Цхинвалы, республикӕйы районты, дыууӕ фадыг Цӕгат Ирыстоны, фӕйнӕ та Сухум ӕмӕ Мӕскуыйы.
Централон ӕвзӕрӕн къамис сцӕттӕ кодта 40 мин бюллетены, регистраци рацыд 32 мин ӕвзарӕджы.
Хуссар Иры президенты ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты 10 апрелы. Датӕ снысан кодта парламент
Ӕвзӕрстытӕм сӕ хъус дардзысты ӕхсӕнадӕмон цӕстдарджытӕ Уӕрӕсе, Абхаз, ДАР, ЛАР. Уыймӕй размӕ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады фехъусын кодтой, ӕвзӕрстытӕм ӕрцӕудзӕн цӕстдарджытӕ Австри, Венесуэлӕ, Герман, Турк ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй.
Хуссар Ирыстоны ӕвзӕрстытӕ нымад ӕрцӕудзысты ӕвзарджыты 50 процент сӕ куы схъӕлӕс кӕна. Фыццаг туры рамбулыны фадат у 50 процентӕй фылдӕр сисгӕйӕ.