ЦХИНВАЛ, 27 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрады хисӕрмагонд сконд цӕттӕ у 9 майы ӕфсӕддон парад ауадзынмӕ, фехъусын кодта пресс-конференцийы Sputnik РХИ Гарзджын тыхты Генштабы сӕргълӕууӕг Виктор Федоров.
Виктор Федоров
© Sputnik / Natalia Airiyan
Республикӕ цӕттӕ кӕны Уӕлахизы Боны 77-ӕм афӕдзыбон банысан кӕнынмӕ. Ацы бӕрӕгбонмӕ бацӕттӕ кодтой мысӕн мадзӕлтты уӕрӕх программӕ.
"9 майы советон адӕмы Уӕлахизы 77-ӕм афӕдзы боны цытӕн горӕт-хъайтар Цхинвалы ацӕудзӕн парад. Хайад дзы райдзысты 800 адӕймаджы - Хъахъхъӕнынады, Мидхъуыддӕгты, Уӕлвӕткон уавӕрты, Юстицийы министрӕдты минӕвӕрттӕ, Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты Арӕнгӕрон службӕйы кусджытӕ, афтӕ ма Уӕрӕсейы 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы ӕфсӕддонтӕ. Уымӕй дарддӕр ма парады рацӕуынмӕ цӕттӕ сты ӕфсӕддон техникӕйы 40 иуӕджы", - фехъусын кодта Федоров.
Уый бахахх кодта, уагдоны хисӕрмагонд скондӕн кӕй ис тынг бӕрнон ӕмӕ цӕсгомджын ахаст ацы стыр бӕрӕгбонмӕ бацӕттӕ кӕныны хъуыддагмӕ.
"Уагдӕтты ӕмӕ структурӕты цӕттӕ кӕнын райдыдтой 4 апрелы, фӕлӕ иумӕйаг цӕттӕкӕнынадмӕ та бавнӕлдтам 18 апрелы Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон горӕты. Уадзӕм ӕрвылбон дӕр тренировкӕтӕ, иуварс кӕнӕм хъӕндзинӕдтӕ", - банысан кодта Генштабы сӕргълӕууӕг.
Хуссар Ирыстонӕй фронтмӕ ацыд 21 минӕй фылдӕр адӕймаджы, уыдонӕй 11 711 фӕмард сты тохы быдырты, авд минӕй фылдӕр та нымад сты ӕбӕрӕгӕй фӕсӕфджытыл.