ЦХИНВАЛ, 5 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны минералон дӕтты амалиуӕгдартӕ ногӕй бацархайдзысты бахизын Уӕрӕсейы базармӕ. Дыууӕ гуырахстджын рауагъдадтӕ - фирмӕ "Аландон" ӕмӕ "Бӕгъиатӕ" фӕлварынц ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр амӕлӕттӕ сӕ продукци экспортмӕ арвитынӕн.
Фӕстаг рӕстӕджы Уӕрӕсейы базары минералон дӕтты ӕргътӕ фӕфылдӕр сты 100 проценты онг, кӕцыдӕртӕ фӕсарӕнтӕй нал ласынц. Хуссар Ирыстоны дӕр ӕргътӕ фӕивтой, фӕлӕ цӕхгӕр нӕ.
"Ныр дӕр нӕм ис заказтӕ Мӕскуы ӕмӕ Курскы областӕй. Нырмӕ нӕ экспорты фӕндтӕ уадиссаг ӕнтыстджын нӕ уыдысты, "Бӕгъиатӕн" дӕр афтӕ, Цӕгат Ирыстонӕй дарддӕр нӕ цыд ласт. Ныр та ногӕй фӕлвардзыстӕм нӕ дыууӕ дӕр", - радзырдта "Аландон"-ы хистӕр Босыкты Владимир.
Амалиуӕггӕнӕг ма ӕнхъары, экспорт цы амӕлӕтӕй гӕнӕн ис срӕвдз кӕнын, уый дӕр.
"Хуссар Ирыстонӕн ис базарадон минӕварад, уый бындурыл бакӕнын хъӕуы базарадон компани. Уымӕн хъуамӕ уа ӕфтауцтӕ, транспорт, цӕмӕй парахат кӕна нӕ дон дуканитыл. Уый канд доныл нӕ кусид, фӕлӕ Хуссар Ирыстон ноджы цы ӕндӕр продукт дӕтты, ууыл дӕр. Райдайын хъӕуы Цӕгат Ирыстонӕй", - загъта "Аландон"-ы хистӕр.
Паддзахадон компани "Бӕгъиатӕ" нырмӕ дӕр йӕ продукци официалон ӕгъдауӕй хӕццӕ кодта Цӕгат Ирыстонмӕ. Фӕлӕ ивгъуыд аз декабры йӕ тыхы бацыд ног барамынд, кӕцымӕ гӕсгӕ ӕппӕт баласгӕ продукцийӕ дӕр домынц маркировкӕ.
"Уый хъӕуы таможнӕйы сӕрты хизынӕн. Ныхас кодтам ацы фарсты фӕдыл уӕрӕсейаг фирмӕ "Честный знак"-имӕ. Маркировкӕ аразыны хӕрдзтӕ ӕдӕппӕт хизынц 3,5 милуан соммӕ, уыдонӕй дыууӕ милуаны аргъ у йӕ программӕ, аннӕ ӕрдӕг та - ифтонгад. Стӕй ма ныртӕккӕ фӕсарӕнтӕй ифтонгад ласын дӕр у проблемон", - радзырдта "Бӕгъиаты" хистӕр Санахъоты Алан.
Ацы фарст кӕд лыгкӕнинаг у, уӕлдӕр нырма заводӕн йӕ авналӕнтӕ сты къуындӕг.
"Нырма нӕ кредитӕй не 'сраст стӕм, уый райсам цистерна балхӕнынӕн. Нырид у сезон ӕмӕ нӕ ӕфтиаг хъуамӕ фӕхуыздӕр уа, цӕмӕй самал кӕнӕм маркировкӕйы ифтонгад дӕр", - бахахх кодта уый.