Хӕрзбон сценӕйӕ ӕмӕ ӕнусон бынат пантеоны: Цхинвалы афӕндараст кӕндзысты адӕмон артисткӕйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цыппӕрӕмы фӕстаг хӕрзбон зӕгъдзысты Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны адӕмон артисткӕ, режиссер Хъӕцмӕзты Фатимӕйӕн театры сценӕйыл, радзырдта Sputnik паддзахадон театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан.
Актрисӕйы йе 'нусон бынатмӕ афӕндараст кӕндзысты сценӕйӕ, кӕцыйӕн уый снывонд кодта 40 азы, лӕггад ын кодта куыд актриса ӕмӕ куыд режиссёр.
"Цыппӕрӕмы йын нырма фӕстаг хӕрзбон зӕгъдзысты Хъайтарты уынджы кӕрон, цы ран уый цард, стӕй та паддзахадон драмон театры сценӕйыл", - загъта Дзудцаты Тамерлан.
Цæгат Иры театры аивадон къухдариуæггæнæг: Хъæцмæзты Фатимæ уыд гениалон артисткæ
Уый ма банысан кодта, арӕзт ӕрцыд сӕрмагонд къамис, паддзахадон театры, культурӕйы министрады ӕмӕ горӕты администрацийы минӕвӕрттӕй, кӕцытӕ сӕхимӕ райстой зиан бавӕрыны бӕрн.

"Ирыстоны адӕмон артисткӕйы бавӕрдзысты национ пантеоны. Уый бӕрн йӕхимӕ райста сӕрмагонд къамис", - бахахх кодта Дзудцаты Тамерлан.

Актрисӕ фӕстаг ӕзты уыд уӕззау рынчын, йӕ хоскӕнынаднӕн республикӕйы ацыд хӕрзаудӕн акци дӕр. Фӕлӕ уӕззау низ разынд тыхджындӕр. Актрисӕйыл цыд ӕрмӕст 60 азы.
Дзудцаты Тамерлан: Хъӕцмӕзты Фатимæ йæ уд ныууагъта театры