Хуссар Иры хицауады ног сæрдары кандидатурæмæ депутаттæ ницы фаутæ æрхастой – вице-спикер

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 июн – Sputnik, Козаты Диана. Бизнессмен Джуссойты Константины кандидатурæмæ Хуссар Ирыстоны премьер-министры бынатмæ парламенты ницы фаутæ æрхастой, загъта Sputnik парламенты фыццаг вице-спикер Гасситы Петр.
Президент Гаглойты Алан 8 июны бавдыста парламентмæ Джуссойты Константины кандидатурæ хицауады сæрдары бынатмæ. Кандидатурæйы фæдыл хатдзæг хъуамæ бавдиса парламенты алы комитет дæр.
"Кæд президент хъуыды кæны, ацы адæймагимæ йын æнцон кæй уыдзæн кусын, æмæ йæ уыны йæ премьер-министрæй, уæд уымæн ныхмæ лæууын нæ хъæуы. Иу азы фæстæ уыдзæн хицауады хыгъдлæвæрд, æмæ хъæуы бакæсын, цы сарæзта ацы адæймаг", - загъта Гасситы Петр.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, нæ хъæуы хъыгдарын президенты кусын адæймагимæ, кæцыйыл уый æууæнды, кæд республикæйы хорз хатдзæгтæм лæууæм, уæд.
Хуссар Иры парламент бавнæлдта ног премьеры кандидатурæйы æркастмæ – спикер
"Процедурæтæ цæуынц, уыдон сты кæронбæттæн этапыл. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, никæцы комитет рахæсдзæн æппæрццаг хатдзæг", - банысан кодта Гасситы Петр.
Вице-спикер зæрдыл æрбалæууын кодта, президент кæцыдæр чиновниктимæ, сæ нымæцы парламенты спикер Тадтаты Алан, кæй ис Мæскуыйы, цы ран ацæудзысты консультацитæ Уæрæсейы политикон архайджытимæ. Гасситы Петр бахахх кодта, зæгъгæ, уыдон куы æрцæуой къуырийы кæрон, уæд премьер-министры фарст рахæсдзысты сессимæ.
"Уыимæ иумæ ма нæм ис генералон прокуроры куырдиат дæр йæ бынатæй йæ ссæрибар кæныны фæдыл æмæ æндæр фарстытæ, кæцытæ æрæмбырд сты фæстаг рæстæджы", - бафтыдта вице-спикер.
Амæйразмæ президент Гаглойты Алан снысан кодта юстицийы министр, МХМ сæргълæууæг, президенты администрацийы разамонæг æмæ ма цалдæр уагдоны сæргълæуджыты.