ЦХИНВАЛ, 22 авг – Sputnik, Козаты Диана. Фæстаг дыууæ суткæйы дæргъы Гуырдзыстонимæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны уылты ахызтысты 508 адæймаджы дыууæрдæм дæр, фехъусын кодта Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) сæргълæууæг Олег Ширан президенты рабадтыл тыхон структурæты разамонджытимæ.
Хуссар Ирыстоны Æдасдзинады совет уый размæ бар радта Хуссар Ирыстоны Дзауы æмæ Ленингоры районты цæрджытæн хизын Гуырдзыстонимæ арæны уылты сæрмагонд пропусктæй алкæцы мæйы 20-æй 30-æм нымæцмæ.
"Раздæхæн" æмæ "Переу" уадзæн пунктты уавæрыл лæмбынæгдæр радзырдта ПÆК Арæнгæрон службæйы хистæр Алиханты Валерий.
"Æдасдзинады советы скъуыддзагмæ гæсгæ, арæнгæрон дæлхайад райдыдта уадзын æмбæстæгты, кæцытæ цæрынц Ленингоры æмæ Дзауы районты. 20 æмæ 21 августæй "Раздæхæн"-ы уылты ахызтысты 411 адæймаджы, уыдонæй 192 æрбацыдысты республикæмæ, 219 та ацыдысты Гуырдзыстонмæ. "Переу"-ы уылты ахызтысты 97 адæймаджы, уыдонæй республикæйы территоримæ æрбацыдысты 49 адæймаджы, 48 та ацыдысты", - фехъусын кодта Алиханты Валерий.
Арæнгæрон службæйы хистæр банысан кодта, уагдонæн фарстытæ кæй фæзынд æмбæстæгты фæдыл, кæцытæ уый размæ ацыдысты Гуырдзыстонмæ паспорттæй (æнæ сæрмагонд пропукстæй) æмæ ныр сæ бон æрыздæхын нæу.
Уый банхъардта раттын ацы гоймæгты номхыгъд Федералон æдасдзинады службæйы Арæнгæрон дæлхайадмæ æмæ сын бар раттын ахизын арæны уылты.
ПÆК сæргълæууæг Олег Ширан бахахх кодта, ПÆК хаххыл оперативон уавæр кæй у стабилон, куыст нæ фæурæдтой. Уыимæ иумæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, арæны бакондыл цæрджытæ иууылдæр нæ фæцин кодтой. Уыдон тæрсынц, ацы мадзал кæй бандавдзæн регионы æдасдзинадыл.
Президент Гаглойты Алан загъта, ахæм тæссагдзинæдтæ бæстæйы къухдариуæгад дæр тынг хорз æмбары.
"Фæлæ ацы районты дæр цæрынц Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ, æмæ гуманитарон хай ничи аиуварс кодта. Абоны боны онг республикæйы къухдариуæгадæн сæ бон кæй нæу уыдонæн саразын æнæмæнгхъæугæ уавæртæ, уый фæдыл ацы скъуыддзаг у раст", - загъта президент.