Хуссар Иры зынгфӕдисонтӕ ивгъуыд улӕфт бонты ахуыссын кодтой 11 ссыгъды

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады кусджытӕ ивгъуыд улӕфт бонты ахуыссын кодтой 11 зынгсирвӕзты, сӕ нымӕцы хъӕдын хӕдзар Знауыры районы, кӕрдӕджы ссыгъды цаутӕ хьӕуты ӕмӕ столицӕйы. Уый тыххӕй Sputnik радзырдтой УУМ пресс-службӕйы.
Иууыл фылдӕр зынгсирвӕзттӕ уыд майрӕмбоны. Уӕд уагдоны къордтӕ бацыдысты ӕхсӕз бынатмӕ. Пыхс ӕмӕ хус кӕрдӕг схӕцыдысты цӕгаттаг микрорайонмӕ хӕстӕг, хъӕутӕ Тъилиан, Аунеу, Ортъеуы, Монастъер ӕмӕ Мамысанты хъӕуы алыварс.
Хуссар Иры УУМ чизоны ракӕной куысты фӕтынгдӕргонд хуызмӕ зынгсирвӕзтты фӕфылдӕры тыххӕй
Йӕ фӕстӕ бон сабаты та зынгфӕдисонтӕ артимӕ тох кодтой Фидауынгӕнӕг тыхты уынгыл ӕмӕ Мугуты хъӕуы. Хуыцацбоны зынфӕдисонтӕ архайдтой ӕртӕ ссыгъд ахуыссын кӕныныл. Горӕты цады цур арт ахуыссын кӕнынӕн баххуыс кодтой бынӕттон цӕрджытӕ дӕр.
Знауыры районы Бадаты хъӕуы районы зынгфӕдисонтӕ аирвӕзын кодтой хъӕдын хӕдзар. Басыгъд ӕрмӕст йӕ агъуыст. Ноджы ма иу егъау зынгсирвӕзт уыд Знауыры районы Мугуты хъӕуы, арт ахызт Цъунар ӕмӕ Аунеуы хъӕутӕм. Цъунары уӕвӕг фӕткъуыдонӕн дӕр уыд тас.
Милици æмæ УУМ ауагътой рейдтæ Хуссар Иры районтæй иуы улæфæн бынæтты
Аунеуы арт хӕрзӕввахс бацыд кувӕндонмӕ. Зынгфӕдисонтӕ суанг изӕрмӕ хуссын кодтой арт.
Хуссар Ирыстоны ныр мӕййӕ фылдӕр къӕвдайы ӕртӕх не 'рхаудта. Чысыл зынг дӕр расайы стыр зынгсирвӕзттӕ, уымӕ гӕсгӕ уӕлвӕткон уагдон фӕдзӕхсы цӕрджыты, цӕмӕй стыр хъусдард здахой зынгсирвӕзтон ӕдасдзинадмӕ.