Хуссар Иры драмтеатр хайад райсдзӕн ӕхсӕнадӕмон фестивалы Ереваны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хетӕгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры труппӕ хайад райсдзӕн Ереваны ӕхсӕнадӕмон театралон фестивалы. Труппӕ равдисдзӕн спектакль "Юлий Цезарь", фехъусын кодта Sputnik театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон рагӕй фӕнд кодтой суӕвын фестивалы архайӕг, фӕлӕ хъуыддаг фӕстиад кодтой ныццӕуыны амӕлттӕ.
"Фестивалы фысымтӕ ныфс дӕттынц бынаты самал кӕнын декорацитӕ, актертӕ та атӕхдзысты хӕдтӕхӕгыл", - загъта Дзудцаты Тамерлан.
Хуссар Иры театры сфӕлдыстадон къорд ивгъуыд аз театралон сезон бакодта спектакль "Юлий Цезарь"-ӕй, архайынц дзы адӕмон артисттӕ Хаситы Вильгельм, Бибылты Сослан , Тъехты Василий ӕмӕ ӕндӕртӕ.
Хуссар Иры паддзахадон театр бавнӕлдта куыстмӕ отпускы фӕстӕ