Гаглойты Алан арвыста тӕфӕрфӕсы тел Удмуртийы раздзогмӕ Ижевскы скъолайы трагедийы фӕдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан арвыста тӕфӕрфӕсы тел Удмуртийы сӕргълӕууӕг Александр Бречаловы номыл Ижевскы трагедийы фӕдыл.
"Ижевскы 88-ӕм скъолайы ӕрцӕугӕ трагикон цаутӕ фехъуыстам тынг зӕрдӕрыстӕй, маст кӕнӕм ацы ӕбуалгъ фыдракӕнды фӕдыл", - дзырдӕуы телы.
Хуссар Ирыстоны цӕрджыты ӕмӕ йӕхи номӕй президент ратӕфӕрфӕс кодта фӕмардуӕвджыты бинонтӕ ӕмӕ хиуӕттӕн, фӕцӕфуӕвджытӕн та йӕ цӕст бауарзта, цӕмӕй тагъд сӕнӕниз уой.
Къуырисӕры райсомӕй ӕбӕрӕг гоймаг райдыдта ӕхсын Ижевскы 88-ӕм скъолайы. Удмуртийы сӕргълӕууӕг куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй ацы ӕгъатыр трагедийы фӕмард сты 13 адӕймаджы, уыдонӕй фараст - сывӕллӕттӕ. Уымӕй дарддӕр ма 23 адӕймаджы фӕцӕфтӕ сты, се 'хсӕн 20 сывӕллоны.
13 фӕмардуӕвӕджы - Ижевскы скъолайы ӕрцыд ӕхст