Аразӕм алцыппӕт дӕр: Хуссар Иры Автоинспекцийы хистӕр фӕндӕгтыл ӕдасдзинады тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 окт — Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ аразынц алцыппӕт дӕр, цӕмӕй сифтонг кӕной фӕндагон ӕдасдзинад, уӕлдайдӕр та ахуырадон уагдӕтты цур. Уый тыххӕй Sputnik пресс-конференцийы загъта автоинспекцийы сӕргълӕууӕг Джиоты Алан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрвылрайсом дӕр 8.45 - 9.00 сахатыл горӕты скъолаты цур цы "коллапс" сырӕзы, уый аиуварс кӕнын ӕнцон хъуыддаг нӕу.

"Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, хуыздӕр уаид, ӕмӕ урокты райдиан куы ракӕниккой 8.30 сахатмӕ, уый фӕахъаз уыдзӕн сӕвзӕргӕ проблемӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн", - загъта уый.

Афтӕ ма Джиоты Аланы хъуыдымӕ гӕсгӕ, уавӕр раразмӕ кӕнид цалдӕр дӕлзӕххон ахизӕны арӕзтад, уӕлдайдӕр та 2-ӕм ӕмӕ 6-ӕм скъолаты цур.
Хуссар Иры барадхъахъхъӕнджытӕ уадзынц профилактикон фембӕлдтӕ скъоладзаутимӕ
Автоинспекцийы сӕргълӕууӕг куыд банысан кодта, афтӕмӕй Хуссар Ирыстоны абоны бон регистрацигонд сты 28 мин хӕдтулгӕйы, ӕмӕ уый дӕр ӕндавы республикӕйы фӕндӕгты уавӕрыл.
"Цхинвалы уынгтӕ семыдзаг сты хӕдтулгӕтӕй. Кӕд раздӕр уыдон 5 мины онг йедтӕмӕ нӕ уыдысты, уӕд ныр та сӕ нымӕц хӕццӕ кӕны 30 мины онг. Цхинвалы ма, ӕвӕццӕгӕн, иу мин машинӕйы куы фӕзына, уӕд горӕт ныллӕудзӕн", - загъта Джиоты Алан.
Ацы проблемӕйыл дзургӕйӕ ма уый банысан кодта, горӕты кӕцыдӕр уынгтыл ӕнӕмӕнгхъӕуӕг кӕй у иуфарсон змӕлд бакӕнын.
Афтӕ ма пресс-конференцийы рӕстӕджы автиоинспекцийы сӕргълӕууӕг ӕрдзырдта светофортӕ, системӕ "ӕдас горӕт", иууыл фылдӕр фӕткхӕлдты ӕмӕ нозтджын шофыртимӕ баст проблемӕтыл дӕр. Джиоты Алан бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны фӕндӕгты ӕдасдзинад баст кӕй у ӕрмӕст автоинспекцийы кусджытыл нӕ, фӕлӕ ма республикӕйы цӕрджытӕн сӕхиуыл дӕр.
Цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы Хуссар Иры шофыртӕм системӕ "Ӕдас горӕт"-ы ӕртыккаг этапы скуысты фӕстӕ