ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæндæгтыл ивгъуыд къуыри æрцыд дыууæ фæндагон-транспортон цауы (ФТЦ), аваритæй иуы фæстиуæгæн бахъыгдард иу адæймаг.
Республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сбæрæг кодтой фæндагон змæлды 274 фæткхалды.
"Фæткхæлдты хсæн: транспортон фæрæз æнæ документтæй скъæрын – 56, светофоры сырх рухсыл аскъæрын – 45, фæндагон нысæнтты фехæлд – 96", - банысан кодтой пресс-службæйы.
Афтæ ма республикæйы территорийыл ивгъуыд къуыри регистрацигонд æрцыд дыууæ фыдракæнды, кæцытæ раргом кодтой мидхъуыддæгты органтæ. Æхсæнадон фæтк фехалыны тыххæй бæрнмæ æрбаздахтой цыппар адæймаджы.