Цоциты Аланы бавæрдзысты майрæмбоны, фехъусын кодтой хицауады

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 окт – Sputnik. Хуссарирыстойнаг паддзахадон архайæг æмæ историк Цоциты Аланæн фæстаг хæрзбон зæгъдзысты 28 октябры, радзырдта журналисттæн политолог æмæ политик Гобозты Вячеслав.
Цоциты Алан йæ цардæй ахицæн 76-аздзыдæй 24 августы.
Фæстаг хæрзбон зæгъыны церемони райдайдзæн 12.00 сахатыл Цхинвалы Театралон фæзуатыл.
Гобозты Вячеслав банысан кодта, церемонийы хайад кæй райсдзысты президент Гаглойты Алан, зынгæ политиктæ – Кокойты Тарзан, Дзиццойты Юрий, Бзарты Руслан, Тезиты Олег.
Цоциты Аланы бавæрдзысты Згъудеры уæлмæрды. Лæвæрд ын æрцæудзæн орден Уацамонгæ. Зынгæ политикы ном лæвæрд æрцæудзæн Хуссар Ирыстоны столицæйы уынгтæй иуæн.
Йæ цардæй ахицæн хуссарирыстойнаг паддзахадон архайæг Цоциты Алан
Цоциты Алан райгуырд Цхинвалы 1946 азы. 1970-æм азты куыста уæгъдибар хъæбысхæсты тренерæй, уыд истори, уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг.
1980-90 азты уыд æхсæнадон организаци "Адæмон ныхас"-ы разамонæг, кæцы активонæй тох кодта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады сæраппонд, бирæ куыста Хуссар Ирыстоны суверенитетæн политикон-барадон бындуры арæзтадæн.
Цоциты Алан куыста паддзахадон бынæтты дæр – уыд Хуссар Ирыстоны Уæлдæр советы сæрдары хæдивæг.
Историон зонæдты доктор, зонадон куыстыты автор.