ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik, Гæбæраты Элина. Гуырдзыстоны рдыгæй Хуссар Ирыстоны ныхмæ тыхæй ма пайда кæныны фарст у иуыл ахсджиагдæртæй сæ иу Женеваг дискусситы хайадисджытæн, фехъусын кодта хуссарирыстойнаг журналисттæн Евроцæдисæй æмсæрдар Тойво Клаар.
ИНО, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ дыццæджы æрцыдысты Хуссар Ирыстоны столицæмæ. Цхинвалы уыдон фембæлдысты дискусситы хайадисджытимæ хуссарирыстойнаг фарсæй.
"Фæнды мæ зæгъын, тыхæй ма пайда кæнын кæй у иуыл ахсджиагдæртæй сæ иу куыд Хуссар Ирыстонæн, афтæ гуырдзиаг хицауадæн дæр. Уый у ахсджиаг момент Женеваг дискусситы куыстæн", - загъта Клаар.
Афтæ ма Евроцæдисæй æмсæрдар фехъусын кодта, фембæлды рæстæджы фарсытæ кæй æрдзырдтой Женевайы радон раунды боны фæткы пункттыл.
Хуссар Ирыстоны президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин банысан кодта, ивгъуыд раунд кæй уыд æхсæйнаг, уымæн æмæ уæд сног кодтой процессы куыст дæргъвæтин фæурæды фæстæ.
"Абон бон Женеваг дискусситæ сног кодтой сæ куыст, æмæ процесс райтынг уыдзæн. Нæ разы сты боны фæткы фарстытæ иууылдæр, сæ нымæцы тыхæй ма пайда кæнын, æбæрæгæй фесæфджыты фæдыл документтæ, æмæ æнæхъæн номхыгъд, кæцы хуссарирыстойнаг фарс нымайы ахсджиагыл", - бахахх кодта Коцты Константин.
Уый ма бафтыдта, зæгъгæ, Женеваг дискусситы фидæн раунд, æвæццæгæн, ацæудзæн 2023 азы райдайæны.