ЦХИНВАЛ, 22 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент бахаста ивындзинæдтæ электронон тамакоты æрбаласт, рауагъдад, парахат æмæ реализацийыл тобæйы фæдыл законмæ. Абоны боны онг законмæ гæсгæ бæрндзинад нæ парахат кодта электронон тамакотæ æвæрыныл.
Депутатты хъуыдымæ гæсгæ, бирæ амалиуæггæнджытæ пайда кодтой законы ацы лыстæгдзинадæй.
"Закон æххæстæй не скуыста. Мах уынæм, ацы вейптæ уæддæр кæй уæй кæнынц. Ис куырдиæттæ ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæй, кæцыты тыхсын кæны, сывæллæттæ сæ кæй пайда кæнынц", - загъта æнæниздзинад хъахъхъæнынады фæдыл парламентон комитеты сæрдар Плиты Александр.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл хъæппæрис бахаста Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад.
Уымæй дарддæр фæфылдæр уыдзысты ивартæ дæр закон фехалджытæн. Æмбæстæгтæ, кæцытæ парахат æмæ реализаци кæнынц электронон тамакотæ, ивар кæндзысты 30-æй 40 мин сомы онг. Амалиуæггæнæн куыст чи кæны æнæ юридикон гоймагдзинадæй, уыдон та бафиддзысты ивар 50-йæ 100 мин сомы онг, юридикон гоймæгтæ та – 50-йæ 200 мин сомы онг.
Вейптæ æвæрыны тыххæй æмбæстæгты ивар кæндзысты æртæйæ аст мин сомы онг, амалиуæггæнджыты та 40-æй 80 мин сомы онг.
Закон ист æрцыд фыццаг бакасты.