ЦХИНВАЛ, 27 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламенты президиум дыццæджы сессийыл æркаст дыууæ законы инициативæмæ, кæцытæ хауынц республикæйы генералон прокуроры йæ бынатæй ссæрибар кæнынмæ.
Дыууæ законы проект дæр президиумы æркастмæ рахаста законад æмæ бынæттон хæдразамынады комитеты сæргълæууæг Диакъонты Амиран.
"Фыццаг законы проект æрбацыд Хуссар Ирыстоны президентæй. Уымæ гæсгæ, РХИ парламентæн йæ бон уыдзæн ссæрибар кæнын генпрокуроры йæ бынатæй конституцион фылдæрæй – хъæлæсты 2/3 хайæ. Дыккаг законы проект æрбацыд депутатты къордæй. Уымæ гæсгæ, парламент генпрокуроры куысты фæдыл хыгъдлæвæрд æнæрæстæмбисыл куы банымайа, уæд уый уыдзæн бындур, цæмæй президент бахæсса парламентмæ куырдиат генпрокуроры йæ бынатæй ссæрибар кæныны фæдыл", - загъта комитеты сæргълæууæг.
Диакъонты Амиран бахахх кодта, зæгъгæ, законы инициативæтæн ис принципиалон хицæндзинæдтæ, уый фæдыл дзы хъæуы иу равзарын.
Президиумы уæнгтæ дæргъвæтин баныхасы фæстæ аскъуыддзаг кодтой арвитын дыууæ законы проект дæр фæстæмæ профилон комитетмæ, цæмæй сыл дарддæр бакусой.