ЦХИНВАЛ, 24 июл - Sputnik. "Уӕрӕсе – Латинаг Америкӕ: дизайн иу континентӕй иннӕмӕ", зӕгъгӕ, ахӕм проекты фӕлгӕтты Мæскуыйы ацыд æхсæнадæмон конкурсы финал. Уым хуссарирыстойнаг дизайнер Бекъойты Хох бацахста дыккаг бынат. Йæхæдæг Sputnik-æн куыд радзырдта, афтæмæй жюрийы зæрдæмæ фæцыд, йæ коллекци философон æгъдауæй хъуыдыгонд кæй уыдис, уый.
"Модæйы конкурс цыдис азы райдианæй. Хъуыдис дзы рахизын цалдæр къæпхæны, суанг идейæйæ райдайгæйæ. Стæй æрвыстон эскизтæ æмæ хуыдтон, Латинаг Америкæ мæ цы коллекци саразынмæ бацырын кодта, уый" – загъта дизайнер.
Уымæй дарддæр, фехъусын кодта, æхсæнадæмон конкурсы социалон хызæгты рæхджы фенæн кæй уыдзæн финалон равдыстæй нывтæ æмæ видеотæ.
Ныртæккæ Бекъойты Хох кусы йæ ног коллекцийыл. Аразы йæ этникон стилы. Фæуд хуыз райсдзæн ацы азы фæззæджы.