ЦХИНВАЛ, 17 сен – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламент ӕрурӕдта транспортон фӕрӕзты граждайнаг бæрндзинады фæдзæхсты фӕдыл законы архайд. Уый тыххӕй скъуыддзаг рахастӕуыд парламенты фыццаг сессийыл сӕрдыгон каникулты фӕстӕ.
Йӕ раныхасы вице-спикер Бесаты Зита банысан кодта, ацы мадзал ӕнӕмӕнгхъӕугӕ кӕй у, уымӕн ӕмӕ автофӕдзӕхсты фӕдыл закон ныртӕккӕ нӕ кусы республикӕйы территорийыл.
"Хуссар Ирыстоны ныртӕккӕ нӕй техникон фадӕттӕ шофырты автофӕдзӕхстӕн. Уый фӕдыл хъӕуы ӕруромын ацы законы архайд, цалынмӕ республикӕйы ӕмбӕлон фӕдзӕхстон органтӕ арӕзт ӕрцӕуой, уӕдмӕ", - бахахх кодта Бесаты Зита.
Депутаттӕ ӕмхъӕлӕсӕй сразы сты ацы законы архайд ӕруромыныл.