ЦХИНВАЛ, 26 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны туристон архайды фӕдыл закон дзуапп нӕ дӕтты республикӕйы реалитӕн ӕмӕ йӕм хъӕуы бахӕссын ивындзинӕдтӕ, фехъусын кодта парламенты фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕг Табуты Роберт, хъусын кӕны РХИ парламенты пресс-службӕ.
"Ацы закон ист ӕрцыд уӕрӕсейаг законады аналогимӕ гӕсгӕ. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый дзуапп нӕ дӕтты нӕ реалитӕн. Афтӕ ма ӕххӕст нӕ цӕуынц законы кӕцыдӕр нормӕтӕ. Ист ӕрцыд барамынд туристон агентад саразыны фӕдыл, фӕлӕ уый нырма ӕххӕст не ‘рцыд", - загъта Табуты Роберт комитеты рабадтыл.
Комитеты сӕргълӕууӕг банхъардта ногӕй ӕрӕмбырд уын ӕмӕ ӕрныхас кӕнын, цы ивындзинӕдтӕ хъӕуы бахӕссын законмӕ, уыдоныл.
Табуты Роберт бафтыдта, зӕгъгӕ, экономикӕйы министрады ахсджиаг скъуыддзаг уыд туристон порталы арӕзтад.
Хуссар Ирыстоны экономикӕйы министр комитеты рабадтыл банысан кодта, порталыл куыст дарддӕр кӕй цӕуы, хаст дзы цӕуынц ног хӕйттӕ.
Хуссар Иры парламенты ӕрдзырдтой туризмы фӕдыл законыл
© Пресс-служба парламента РЮО