Хуссар Иры парламенты банхъардтой фӕкарздӕр кӕнын ӕфхӕрд наркотикон буарадты фӕдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъӕуы фӕкарздӕр кӕнын ӕфхӕрд республикӕйы тобӕгонд буарад "Лирика" ӕмӕ йӕ аналогтӕй пайда кӕныны тыххӕй, фехъусын кодта парламенты вице-спикер Бесаты Зита.
Бесаты Зита
Закъондӕттӕг органы пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй наркотикон буарадтыл тобӕйы фӕдыл ӕрдзырдтой закъонад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады парламентон комитеты рабадтыл.
"Санкцитӕ хъӕуы фӕкарздӕр кӕнын, ӕмӕ ӕз ӕнхъӕлмӕ кӕсын уӕ хъӕппӕристӕм, цӕмӕй ныридӕгӕн бавналӕм ног проекты арӕзтадмӕ", - загъта Бесаты Зита.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, карздӕр мадзӕлттӕ хъӕуы райсын тобӕгонд буарадты парахатгӕнджыты фӕдыл, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕмбарынц, чысыл санкцитӕ кӕй сты, ӕмӕ сӕ бон у бафидын ивар ӕмӕ дарддӕр архайын.
Ацы хъуыды хорзыл банымадтой генпрокурор Собаты Григорий ӕмӕ Мидхъуыддӕгты министрады сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Мамиты Эрислав. Бесаты Зита сын банхъардта бацӕттӕ кӕнын комитеты фидӕн рабадтмӕ сӕ хъӕппӕристӕ ног закъоны проекты фӕдыл.
Мамиты Эрислав ӕмӕ Собаты Григорий