ЦХИНВАЛ, 5 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Паддзахадон телерадиокомпани "Ир" цӕттӕ кӕны Ног азмӕ егъау хӕрзаудӕн проект "Мӕ ногазон бӕллиц", фехъусын кодта Sputnik-ӕн телерадиокомпанийы сӕйраг редактор Козаты Дзерассӕ.
"Президенты администрациимӕ мах цӕттӕ кӕнӕм хӕрзаудӕн программӕ, уый фӕлгӕтты фӕнд кӕнӕм раттын лӕвӕрттӕ сывӕллӕттӕн Цхинвал ӕмӕ Дзауы интернаттӕй, афтӕ ма Ленингоры сывӕллӕтты хӕдзары хъомылгӕнинӕгтӕн", - загъта сӕйраг редактор.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, проект реализаци цӕуы цалдӕр азы дӕргъы. Фарон акцийы хайад истой 300 сывӕллоны бӕрц, ацы аз та проекты масштаб рауӕрӕх кӕндзысты.
Акцийы хайад исынц политиктӕ, ӕхсӕнадон архайджытӕ, республикӕйы хуымӕтӕг цӕрджытӕ, афтӕ ма сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы хайадисӕг ӕфсӕддонтӕ.
"Интернаттӕ ӕмӕ сывӕллӕтты хӕдзары хъомылгӕнинӕгтӕ ӕрбацӕудзысты ПТРК "Ир"-ы студимӕ. Уыдон сӕхӕдӕг сӕ бӕллицтимӕ фыстӕджытӕй сфӕлынддзысты ногазон назбӕлас. Цалдӕр боны дӕргъы фадат уыдзӕн ӕрбацӕуын ӕмӕ сӕххӕст кӕнын сабиты бӕллицтӕ. Проекты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ программӕ нӕ телеканалы эфиры рацӕудзӕн 31 декабры", - радзырдта Козаты Дзерассӕ.
Проект реализаци цӕуы паддзахады сӕргълӕууӕджы финансон ӕххуысӕй.