ЦХИНВАЛ, 18 дек – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламент ӕртыццӕджы сфидар кодта 2025 азмӕ республикӕйы паддзахадон бюджеты закъоны проект.
Парламенты сессийы ӕркастмӕ фарст рахастой бюджет ӕмӕ хъалонты фӕдыл парламентон комитеты сӕргълӕууӕг Томайты Спартак ӕмӕ финансты министр Тадтаты Дзамболат. Финансты министр банысан кодта, республикӕйы бюджеты ӕфтиӕгтӕ 2025 азы уыдзысты 8 миллиард 871 милуан сомы, уыдонӕй уӕрӕсейаг финансон ӕххуыс у 7 миллиард 35 милуан сомы.
"Уыцы суммӕйӕ 5 миллиард 942 милуан сомы у финансон ӕххуыс Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзтӕн, 1 миллиард 93 милуан сомы та у финансон ӕххуыс Инвестпрограммӕйы реализацийӕн", - загъта Тадтаты Дзамболат.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, бюджеты хӕрдзтӕ та уыдзысты 9 миллиард 314 милуан сомы.
"Афтӕмӕй паддзахадон бюджеты дефицит фидӕн аз уыдзӕн 443 милуан сомы. Уый ӕхгӕд ӕрцӕудзӕн проекттӕй цы ӕхцайы фӕрӕзтӕ баззайой, уыдонӕй, афтӕ ма Уӕрӕсейы финансон ӕххуысы руаджы. Октябры мах ныридӕгӕн райстам нӕ уӕрӕсейаг коллегӕтӕй 169,5 милуан сомы, ноджы 91,5 милуан сомы та райсдзыстӕм азы кӕронмӕ", - банысан кодта министр.
Депутатты фылдӕр хай схъӕлӕс кодтой ацы закъоны проект райсыныл.