Тасойты Игорь: Хуссар Иры ис иууыл зӕрдӕхӕлардӕр публикӕ

© Sputnik / Алексей КовалевИгорь Тасоев
Игорь Тасоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Популярон ирон зарӕггӕнӕг радзырдта йӕ музыкалон зӕрдӕмхицты ӕмӕ концертты рӕстӕджы ӕнӕферохгӕнгӕ цауты тыххӕй.

Sputnikмӕ фӕуазӕг зынгӕ зарӕггӕнӕг, шансон ӕххӕстгӕнӕг Тасойты Игорь.Уый радзырда, ӕрӕджы цы ӕхсӕнадон конкурсы рамбылдта, уый тыххӕй ӕмӕ загъта йӕ хъуыдытӕ рӕзгӕ фӕлтӕрты аив музыкӕмӕ ӕмхиц кӕныны фӕдыл.

— Игорь, цӕмӕн равзӕрстай шансон? Цӕуылнӕ ӕххӕст кӕныс, зӕгъӕм рок, кӕнӕ ӕндӕр музыкалон здӕхӕнтӕ?

— Нымад у, шансон иууыл зӕрдӕмӕхъаргӕдӕр зарӕг кӕй у, ӕз дӕр хӕст дӕн шансоны классикон ӕмбарынадыл, кӕцы раздӕр хуынд горӕттаг романс. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы стиль иууыл хуыздӕр райхалы адӕймаджы удыхъӕд, йӕ миддуне. Иуӕй-иу хатт, ӕввахс адӕмы хсӕн ӕз сӕххӕст кӕнын рок дӕр, мӕ уарзондӕн здӕхӕнтӕ та сты хард-рок, романстӕ ӕмӕ шансон классикон зардимӕ, кӕцы ӕз фыццаг хатт сӕххӕст кодтой Цхинвалы концерты. Раздӕр практикӕйы ахӕм цыдӕр нӕ уыд.

— Ӕрӕджы ды рамбылдтай 13-ӕм ӕхсӕнадӕмон музыкалон фестиваль "Юрмала — Шансон — 2016" фыццаг бынат. Ныфс дӕ уыд, кӕй рамбулдзӕ?

— Уый уыд дыккаг цау, ӕз куы хъахъхъӕдтон мӕ райгуырӕн бӕстӕй кад.

Кокион - Sputnik Хуссар Ирыстон
Алла Кокион: зарджытӕ гуырынц – ӕз зарын

Хуссар Ирыстоны номӕй Европӕйы центры ралӕууын мӕнӕн уыд тынг бӕрнон ӕмӕ нысаниуӕгджын хъуыддаг. Фестиваль ӕрмӕст латвиаг столицӕйы нӕ цыд — конкурсы фыццаг тур уагъд уыд Швецийы былгӕрӕтты науыл. Уырдӕм ӕрӕмбырд сты кӕсджытӕ ӕппӕт Европӕйӕ ӕмӕ мӕнӕн тынг ӕхсызгон уыд, бӕрзонд ӕмвӕзадыл дзы кӕй сархайдтам. Мах уыдыстӕм уӕлахизмӕ здӕхт ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй дӕр рамбылдтам. Бузныг мӕ фӕнды зӕгъын Симды солисттӕ Санахъоты Инал ӕмӕ Хуыгаты Олесяйӕн, кӕцытӕ хайад райстой мемӕ конкурсы ӕмӕ уӕлахиздзау-зарӕджы зӕлтӕм сӕххӕст кодтой ирон кафт.

— Махмӕ, Цхинвалы цӕмӕннӕ фӕцӕуынц ахӕм конкурстӕ?

— Уыдонмӕ хъӕуы цӕттӕ кӕнын, махмӕ та ӕдзух уыд хӕстон уавӕр. Фӕлӕ ныр нӕ бон у сфӕлдыстадон куыстмӕ дӕр хъус аздахын ӕмӕ нӕ иуыл-иумӕ хъӕуы ацы хъуыддагмӕ бавналын. Советон рӕджы нӕм уыд ансамбль "Бонвӕрнон" — уый уыд ӕцӕг легендӕ. Уӕдӕ нӕм кӕд легендӕтӕ уыд, уӕд нӕм уӕдӕ фундамент дӕр хорз ис.

— Куыд хъуыды кæныс, æвзæр музыкæ ис?

— Иудзырдæй "нæ", уымæн æмæ музыкæ у космос æмæ адæймаджы бастдзинад. Куыд æвзæр адæм нæй, афтæ нæй гæнæн æмæ æвзæр музыкæ дӕр уа. Махæн нæ зардæмæ цы музыкæ нæ цæуы, уый æндæр чидæр уарзы, чидæр æй хо ныффыста. Махæн нæ бон у æмæ йæ ма æмбарæм кæронмæ, фæлæ уый уымæй æвзæр нæ кæны.

— Цас арæх дын вæййы концерттæ?

— Раздæр, цард ма стабилондæр куы уыд, уæд мын арæхдæр уыд коцерттæ. Фæлæ еныр дæр нæ хъаст кæнын, концертты фылдæр хай цæуы Уæрæсейы. Гæнæн ис зæгъын, æмæ концерттæ вæййы стæм хатт, фæлæ сӕм кæсджытæ æнхъæлмæ кæсынц æмæ уый артистæн у сæйрагдæр.

— Зарæггæнæг æмæ кæсджыты бастдзинады тыххæй та цы зæгъдзынæ?

— Кæсджыты уарзондзинад нæй гæнæн балхæнын. Уыдис афтæ, æмæ мæм Подмосковьейы концерты фæстæ иу лæг æрбацыд æмæ бахатыд, цæмæй йемæ ацæуон.

Оперная певица Вероника Джиоева на гала-концерте звезд оперной сцены в Санкт-Петербурге. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Вероникӕ: нӕ кӕсджытӕ сты иууыл хӕларзӕрдӕ, уыдон тыххӕй мӕ фӕнды зарын

Æз æй нæ бамбæрстон, фæлæ ахызтæн йæмæ. Сценæйæ рахизгæйæ дисы наххаудтæн æмæ мын уыд тынг æхсызгон, куы федтон сылгоймаджы инвалидон къæлæтджыны бадгæйæ. Уый ӕрбацыди æрмæстдæр уый тыххæй, цæмæй мæнæн бузныджы ныхæстæ зæгъа. Уый ма мын загъта, зæгъгæ, мæ концерты куы вæййы, уæд æй ферох вæййы, инвалид кæй у. Ахæм цаутæ дæттынц тыхтæ цæрынæн æмæ архайынæн.

— Цас фæцæуы концерт? Зын у зарын ӕнæулæфгæйæ?

— Концерт фæцæуы дыууæ сахаты бæрц. Куы йæ ‘мбарай, цы аразыс, уый адæмы кæй хъæуы, куы сын æмбарай сæ энергетикæ, уæд зарын у цымыдисон æмæ æнцон. Æрмæст мæм хъуамæ æввахс уа нуазыны дон.

— Цавæр ритуал дын ис сценæмæ рахизыны размæ?

— Æз алыхатт фæдзурын мæхицæн: "Хуыцау зæгъæт æмæ мæм концертмæ цы адæм æрбацыд, уыдоны ныфсытæ мæ бон уа сæххæст кæнын". Æмæ куыд алы рæстдинон, афтӕ кувын — Хуыцауӕн табу, кæй мын ис фадат хъӕлдзӕгдзинад лæвар кæнын адæмæн.

—  Кæм дыл хуыздæр æмбæлы публикæ?

— Кæй зæгъын æй хъæуы, Хуссар Ирыстоны. Ам цæры иууыл зæрдæхæлар æмæ музыкæ æмбаргæ адæм. Нæ адæмæн тынг хъарм ахаст ис зарджыты мидисмæ. Мæн фæнды, цæмæй Ирыстоны уа фылдæр хъæлдзæг зарджытæ, цæмæй нæ адæм мидбылхудтимæ кæсой фидæнмæ. Фаг у кæуын! Рæзгæ фæлтæр куы уына уыцы мидбылхудт, уæд алцыдæр уыдзæн хорз.

Ног хабӕртты лентӕ
0