Джиоты Люба хайад райсдзæн вокалон конкурс "Голос Осетии"-йы

© Из архива Любы ДжиоевойХуссарирыстойнаг зарæггæнæг хайад райсдзæн вокалон конкурс "Голос Осетии"-йы
Хуссарирыстойнаг зарæггæнæг хайад райсдзæн вокалон конкурс Голос Осетии-йы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Конкурс "Голос Осетии"-йы фарсыл Instagram-ы 13 номыры бын ис Джиоты Люба йæ зарæг "Фыццаг фæкасты уарзт"-имæ, æвзарæн этап рацæуынæн ӕй хъæуы лайкты стыр нымæц æрæмбырд кæнын

ЦХИНВАЛ, 18 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг зарӕггӕнӕг Джиоты Люба хайад райсдзæн Цæгат Ирыстоны вокалон конкурс "Голос Осетии"-йы. Ӕвзарæн этап цæудзæн адæмон æвзæрсты руаджы социалон хызæджы, фехъусын кодта Sputnik зарæггæнæг йæхæдæг.

Конкурс "Голос Осетии"-ы фарсыл Instagram-ы, 13 номыры бын ис Джиоты Люба йæ зарæг "Фыццаг фæкасты уарзт"-имæ, æвзарæн этап рацæуынæн ӕй хъæуы лайкты стыр нымæц æрæмбырд кæнын.

Люба Джиоева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Люба: фæнды мæ равдисын дунейæн ирон эстрадæйы ног верси

"Конкурсы æвзарæн этап цæудзæн Instagram-ы "Голос Осетии"-йы фарсыл. Архайджытæй фылдæр лайктæ чи æрæмбырд кæна, уыдонæй 40 рацæудзысты æвзæрст. Йæ финалон хай цæудзæн Дыгуры комы улæфæндæттæй иуы, уым æртæ боны дæргъы архайджытæн амондзысты вокал æмæ хореографи", - радзырдта Люба.

Джиоты Люба у ХИПУ студенткæ, "ЮОГУ-ТВ"-й кусæг. Чызг æрæджы рамбылдта Цӕгат Ирыстоны национ телеуынынад "Осетия-Ирыстон"-ы вокалон конкурс "АЗАР МА". Хъæлæсæппæрсты хатдзæгтæм гæсгæ Джиоты Люба райста иууыл фылдæр хъæлæстæ æмæ фæхайджын ис "Приз зрительских симпатий"-йæ. Уый фæстæ цыбыр æмгъуыдмæ йæ конкурсон зарджытæ ссисты уарзон Ирыстоны дыууæ хайы дæр – зæлынц радиотæ, хæдтулгæтæ, телефонтæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0