Дыгуры сæвæрдзысты Хетæгкаты Къостайы бюст

© Из личного архива Казбека ХамицаеваДыгуры сæвæрдзысты Хетæгкаты Къостайы бюст
Дыгуры сæвæрдзысты Хетæгкаты Къостайы бюст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.02.2021
Рафыссын
Ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы бюст фæнд кæнынц сæвæрын ирон æвзаджы бæрæгбон – 15 маймæ

ЦХИНВАЛ, 10 фев – Sputnik. Цæгат Ирыстоны Дыгургомы сæвæрдзысты ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы бюст, хъусын кæны 15 регион.

Биазырты Алла - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.10.2020
Къоста – сæууон стъалы, тæмæнкалгæ хур: ахуыргæнæг ирон генийы тыххæй

"Махæн уый кады хъуыддаг у. Ныфс нæ ис, ирон æвзаджы Бонмæ бюст цæттæ кæй уыдзæн, уымæй", –хъусын кæны 15 регион Дыгуры районы сæргълæууæг Езеты Аланы ныхæстæ.

Ацы хабар рабæрæг республикæйы фысджыты цæдисы æрбадты. Ӕмбырды æппæт архайджытæ дæр ацы хъæппæрис хорзыл банымадтой.

Ацы фарстыл æрныхас кодтой скульптор Хайты Ибрагимимæ, стæй ма бынæттон администрацийы разамындимæ æмæ минæвæртты æмбырды сæрдаримæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0