Архиепископ Леонид раарфӕ кодта Хуссар Иры адӕмӕн Хӕрзуацы цытӕн

© Sputnik / Феликс КиреевДзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг архиепископ Леонид
Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг архиепископ Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рӕстдинонтӕ дыццӕджы, 7 апрелы, нысан кӕнынц Хӕрзуац, ацы бӕрӕгбоны цытӕн республикӕйы цӕрджытӕн раарфӕ кодта Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг архиепископ Леонид

ЦХИНВАЛ, 7 апр - Sputnik. Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг архиепископ Леонид раарфӕ кодта Хуссар Ирыстоны адӕмӕн Хӕрзуацы бӕрӕгбоны цытӕн.

"Хӕрзуац у иууыл сӕйрагдӕр рӕстдинон бӕрӕгбонтӕй сӕ иу, хорз уацы бон, кӕцы ӕрцыд адӕммӕ Архангел Гавриилы уылты. Уыцы бон ма Мад Майрӕм баууӕндыд Хуыцауыл ӕмӕ Йӕ ныфсы руаджы мах фервӕзтыстӕм", - дзырдӕуы арфӕйы.

Архиепископ банысан кодта, Хӕрзуац кӕй у ӕппӕтдунейон циндзинады райдайӕн.

Лауызгæнæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Лауызгæнæнтæ: цы нысан кӕнынц адæмон æмæ чырыстон æгъдаумæ гæсгæ

"Бердзенаг ӕвзагыл бӕрӕгбоны ном у "Евангелисмос" ӕмӕ арӕзт ӕрцыд дзырд Евангелийӕ. Ног Фӕдзӕхсты чиныг, Евангели, дӕр у Хӕрзуац", - банысан кодта Леонид.

Архиепископ ӕрсидт, "цӕмӕй ацы зын рӕстӕджы ма мӕт кӕнӕм ӕмӕ нӕхи ӕрбайгом кӕнӕм Хорз уацӕн".

Хӕрзуац у рӕстдинон дзуары дыууадӕс сӕйраг бӕрӕгбонтӕй сӕ иу. Уый нысан кӕнынц 7 апрелы, фӕлӕ йӕ, традицимӕ гӕсгӕ, адӕм райдайынц нысан кӕнын ацы бӕрӕгбон хӕдагъоммӕ изӕры.

Ног хабӕртты лентӕ
0