Ирыстонӕй дард: цхинвайлаг чызджы африкӕйаг цард

© Из личного архива Милены ИвановойМилена Иванова
Милена Иванова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik-ы радон уацы – цхинвайлаг чызг Миленайы истори, кӕцы "йӕхи ссардта" Индиаг океаны сакъадах Маврикийы.

ЦХИНВАЛ, 14 фев — Sputnik, Годжысаты Анна. Милена Иванова схъомыл Хуссар Ирыстоны сфӕлдыстадон, интеллигентон бинонты хсӕн. Цхинвал нырма Сталинир куы уыд, уӕд йӕ дада Уалыты Сослан уыд обкомы фыццаг секретарь: ныры дугмӕ гӕсгӕ республикӕйы сӕргълӕууӕг. Миленайы мад Уалыты Валентина та у Мӕскуыйаг консерваторийы рауагъдон.

Хуссар Ирыстон — Уӕрӕсе — Маврикий

Цхинвалы 6-ӕм скъола каст фӕуыны фӕстӕ Милена бацыд ахуырмӕ Адӕмты хӕлардзинады уӕрӕсейаг университеты (РУДН) хъӕууонхӕдзарадон факультетмӕ. Уым ӕй йӕ хъысмӕт базонгӕ кодта Анил Джерриимӕ. Анил у сакъадах Маврикийӕ, кӕцы ис Индиаг океаны, Африкӕйы скӕсӕйнаг кӕрон. Лӕппу уӕд ахуыр кодта Мӕскуыйы инженеры дӕсныйад.

Лейла Албегова - осетинка в Турции - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстонӕй дард: туркаг ирон Килич-Ӕлбегты Лейлайы хӕрзад истори

Миленӕйы ахӕм "экзотикон" равзӕрстыл йӕ бинонтӕ ӕмӕ хӕстӕджытӕ райгондӕй нӕ сӕмбӕлдысты. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Анилимӕ куы базонгӕ сты, уӕд сын лӕппуйы хӕдӕфсӕрмдзинад, хъомылдзинад ӕмӕ йӕ уарзон сылгоймагмӕ ӕгӕрон уарзт балхӕдта сӕ зӕрдӕтӕ.

Афӕдзы фӕстӕ ӕмкъӕйттӕн фӕзынд сӕ фыццаг хъӕбул — фырт Анвин. Уый фӕстӕ бинонтӕ Мӕскуыйӕ аздӕхтысты цӕрынмӕ сӕ райгуырӕн къуыммӕ — дард, фӕлӕ диссаджы рӕсугъд сакъадах Маврикиймӕ.

"Ӕз стыр бузныг дӕн Хуыцауӕй, кӕй мын радта фадат ахӕм дзӕнӕттаг къуымы цӕрынӕн… Фыццаг не ‘мбӕрстон креолаг ӕвзаг, кӕцыйыл дзурынц нӕ сакъадахы, фӕлӕ стӕй райдыдтон уроктӕ дӕттын фортепианойыл цӕгъдынӕйӕмӕ мын уый баххуыс кодта креолаг ӕмӕ французаг ӕвзаг сахуыр кӕнынӕн. Урокты фӕрцы ма ӕз базонгӕ дӕн тынг бирӕ цымыдисаг адӕмимӕ, номдзыд бинонтимӕ, кӕцытӕн ахуыр кодтон сӕ сабиты", — дзуры Милена.

© Из личного архива Милены ИвановойМиленайы фырт Анвин
Сын Милены Ивановой-Анвин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Миленайы фырт Анвин

Сакъадахы цы рӕстӕг цӕры, уый фылдӕр хай Милена снывонд кодта бынӕттон дин сахуыр кӕнын ӕмӕ бамбарынӕн, каст сыгъдӕг тексттӕ санскритыл, цыран, йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ис бирӕ иудзинӕдтӕ Библиимӕ.

"Ӕз тынг арф банкъардтон нӕ сакъадахы монон-рухстауӕн энергетикӕйы тых, бауарзтон ын йӕ гомзӕрдӕ ӕмӕ рӕсугъд адӕмы", — мысы Милена.

Рӕстӕджы цыдимӕ сакъадах ссис дунейы элитон курортон бынӕттӕй иу, Миленайы та бирӕ егъау компанитӕ райдыдтой сӕхимӕ кусынмӕ тӕлмацгӕнӕгӕй.

"Мӕ ног цадуаг ӕмӕ ног "ӕз"-ыл кӕронмӕ дзӕбӕх куы сахуыр дӕн, уӕд райдыдтон дарддӕр агурын мӕ бынат царды. Ӕмрӕстӕджы ма мӕ сӕрыхицауимӕ бакондам нӕхи арӕзтадон компани дӕр", — радзырдта Милена.

Миленӕйы уидӕгтӕ прозӕ ӕмӕ ӕмдзӕвгӕты

Милена у дыууæ сывæллоны мад. Йæ чызг Элейайыл ныр цӕуы 9 азы, йæ лæппу йыл та — 29. Уый у экономист, цæры æмæ кусы Австралийы.
Милена йæ царды фылдæр хай ӕрвиты Ирыстонæй дард, фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ йæ зæрдæйы стыр бынат ахсы йæ райгуырæн бæстæ.

"Сæрибар рæстæг мын куы вæййы, уæд арæх фыссын æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæ. Цас фæнды рæстæг ма цæрон ме ‘ввахс адæмæй дард, æз никуы ферох кодтон мæ уидæгтæ, райгуырæн бæстæ æмæ нæ традицтæ. Æз сæрыстыр дæн, ирон кæй дæн, уымæй. Маврикийы ма куы цардтæн, уæд мæ хæдзары къулыл уыд Уастырджийы ныв. 2011 азы та рауагътон ме ‘мдзæвгæты æмбырдгонд, цыран ис бирæ рæнхъытæ Ирыстоныл", — дзуры уый.

© Из личного архива Милены ИвановойМиленайы хæдзары къулыл Маврикийы уыд Уастырджийы уазныв
Дом Милены на Маврикии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Миленайы хæдзары къулыл Маврикийы уыд Уастырджийы уазныв
Ныр та Милена ис йæ царды ног фæндагыл. Фондз азы размæ ахицæн йӕ африкӕйаг ӕмкъайӕ, фæлæ уыдон баззадысты хорз æмбæлттæй. Милена йæ чызгимæ рацыд цæрынмæ Мæскуымæ, уым йæ цард ныр та сбаста сербагимæ.

© Из личного архива Милены ИвановойМилена йæ цард ныр та сбаста сербагимæ
Милена Иванова с мужем - Sputnik Хуссар Ирыстон
Милена йæ цард ныр та сбаста сербагимæ

Милена та йӕ цард дарддæр акандзæн Ирыстонæй дард — ныр та Скæсæйнæг Европæйы. Йӕ ныхæстæм гæсгæ, сербæгтæ æмæ ирæттæ æмхуызон бирæ цæмæйдæр сты. Æмæ уый тыххæй чызджы фæнды йæ ног царды æмбалы тагъд рæстæджы базонгæ кæнын ирон æгъдæуттæ æмæ традицитимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0