Хуссар Иры ӕрмхӕцджытӕ стох кӕндзысты культурӕ ӕмӕ спорты фестивалы

© Из архива тренера Валерия Джиоева Армрестлертӕ
Армрестлертӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.09.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны спортивон кад хъахъхъӕндзысты республикӕйы тыхджындӕр ӕрмхӕцджытӕ Гасситы Сослан ӕмӕ Хӕбӕлаты Арсен
ЦХИНВАЛ, 22 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны дыууӕ тыхджындӕр ӕрмхӕцӕг стох кӕндзысты Уӕрӕсейы хуссары культура ӕмӕ спорты фестивалы, фехъусын кодта Sputnik тренер Джиоты Валерий.
Хуссар Ирыстоны спортивон кад хъахъхъӕндзысты республикӕйы тыхджындӕр ӕрмхӕцджытӕ Гасситы Сослан ӕмӕ Хӕбӕлаты Арсен.
"Дыууӕ дунейы чемпион ацыдысты Севастопольмӕ культура ӕмӕ спорты фестивальмӕ. Раздӕр ацы бӕрӕгбон хуыдтой Кавказы хъӕзтытӕ, ныр раивта йӕ ном ӕмӕ фӕуӕрӕхдӕр ис йӕ географи", - загъта тренер.
Уый ма бафтыдта, дыууӕ лӕппу дӕр сты сӕ спорты хорз дӕснытӕ. Сӕ бӕрзонд квалификаци ӕмӕ ӕнӕкӕрон тых бӕлвырд кӕнынц кӕцыфӕнды турниры дӕр.
Милена Догузова - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.01.2017
Дыгъуызты Милена – армспорты иунӕг чызг-архайӕг Хуссар Иры
Гасситы Сослан у Хуссар Ирыстоны архайгӕ ӕрмхӕцджытӕй иууыл ӕнтыстджындӕр. Ӕхсӕз азы дӕргъы уыд фӕсивӕды хсӕн Цӕгат Ирыстон, Уӕрӕсе, Европӕ ӕмӕ дунейы ерысты ӕдзух лидер 90 уӕзы категорийы. Фӕстаг дыууӕ азы рахызт хистӕр кармӕ, фӕфылдӕр кодта йӕ уӕзы категори дӕр. Ам дӕр йӕхи равдыста фӕзминаг спортсменӕй, фӕлӕ йын ацы категорийы нырма ӕнӕсаст ерыстӕ  ис.
Хӕбӕлаты Арсен йӕ хистӕр ӕфсымӕр Эдуарды фӕдыл бацыд спорты ацы хуызмӕ. Цыбыр ӕмгъуыдмӕ баййӕфта йе 'фсымӕры ӕнтыстытӕ. Йӕ тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕсты хауы йӕ куыстуарзондзинадӕй тренировкӕты ӕмӕ тагъд ӕнтыстытӕй.  У армрестлингы ӕрыгӕтты хсӕн иууыл бӕрзонддӕр призты хицау.
Ног хабӕртты лентӕ
0