Остъаты Роберт: тынг зын мын у мысын Беслæны трагеди

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламенты депутат Остъаты Роберт радио Sputnik интервьюйы æрымысыд 2004 азы Беслæны трагикон бонтæ
Остъаты Роберт æнæнхъæлæджы æвдисæн ссис уыцы бонты Беслæны уæззау цаутæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фын фенæджы хуызæн уыдысты, кæронмæ никæй уырныдта, ахæм фыдми кæй ис гæнæн æруадзын.
"Знаджы уыныс æмæ йемæ тох кæныс - уый æндæр хъуыддаг у, фæлæ йæ уым та зоныс, сывæллæттæ сæ къухы кæй сты, æмæ дæ мигæнæн кæцырдæм адарай, уый дæр нæ зоныс", - банысан кодта Роберт.
Интервьюмæ æнæхъæнæй бакæсут нæ видеоæрмæджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0