Арæнгæрон хъæуты цæрджытæ: ныр нæм не ‘мбæлттæ цӕудзысты æнæ цæлхдуртæй

© Sputnik / Ада БагианГуфта-Эрцъо-Коз
Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хицауад бахаста баххæстгæнинæгтæ республикæйы арæнгæрон зонæйы фæдыл уынаффæмæ æмæ дзы ракодта цалдæр хъæуы. Бынæттон цæрджытæ æвæрццаг аргъ скодтой сæ хъæутæм бацæуыны уагæвæрдӕн.

ЦХИНВАЛ, 12 ноя — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны арæнгæрон зонæйæ цы хъæутæ раконд æрцыдысты, уыдон цæрджытæ нысан кæнынц, ацы ивындзинæтæ хорзӕрдæм кæй бандæвтой сæ цардыл.

Хуссар Ирыстоны хицауад ацы бонты бахаста баххæстгæнинæгтæ республикæйы арæнгæрон зонæйы фæдыл уынаффæмæ æмæ дзы ракодта цалдæр хъæуы.

Арӕнгӕрон зонӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цалдӕр хуссарирыстойнаг хъӕуы ист ӕрцыдысты арӕнгӕрон зонӕйӕ

Кæд раздæр арæнгæрон территорийыл æвæрд цæхæрæдæттæ бакусынæн хъуыд райсын сæрмагонд гӕххӕт, уæд абон уый æнæмæнгхъæуæг нал у.

"Фæзынд фадат кæсаг ахсын, хъæууонхæдзарадон куыстытæ кæнын æнæ сæрмагонд пропускæй. Не ‘мбæлттæн ис фадат æнæ цæлхдуртæй цæуынӕн махмæ. Раздæр нæм цæмæй фæуазæг уыдаиккой, уый тыххæй Арæнгæрон управленийы Цхинвалы хъуыд сæрмагонд пропуск райсын, кæцы хъуыд равдисын арæнхъахъхъæнджытæн посты. Ныртæккæ та ис сæрибарæй цæуыны фадат", — радзырдта Sputnik уацхæссæгæн Ерманы цæрæг.

Хъæуы цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, уым хъахъхъæд æрцыдысты цалдæр астæузаман мыггаджы мæсыджы æмæ дыууæ кувæндоны. Кæддæры цæрæгджын хъæу ныр аззад афтидæй. Иудадзыг дзы цæры æрмæстдæр æртæ бинонтæ, кæцытæ дарынц фос, аразынц хæдзарон цыхт. Хъæу цы бынаты æвæрд у, уый зындгонд у йæ алæмæттаг рæсугъддзинадæй, республикæйы уазджытæ æмæ цæрджытæ уырдæм цыдысты æрдзы хъæбысы сæ улæфт суадзынмæ. Ерман арæнгæрон зонæмæ куы бахауд, уæдæй фæстæмæ ардæм туристтæ цыдысты æрмæстдæр сæрмагонд пропускмæ гæсгæ. Ног ивындзинæдтимæ цæрджыты ныфс бацыд, кæй та сæм райдайдзысты цæуын улæфджытæ.

"Сыхæгтæй мæгуыр стæм. Цы æртæ бинонтæ стæм, уыдон æнгом цард кæнæм, иумæ нысан кæнæм алы бæрæгбон дæр æмæ цин кæнæм туристты æрцыдыл. Ног адæм æмæ ног зонгæтæ нæ цардмæ æрбахæссынц æхцондзинадхæссæг ногдзинæдтæ", — дзуры Ерманы цæрæг Фæрниаты Уасо.

Едысы хъæуы цæрджытæ цин кæнынц цуаны æнæ пропусктæй цæуыны фадатыл.

"Баззадыстæм ма æртæ хæдзарæй. Цхинвалæй дард стæм, зын нæм у цæрын. Иунæг хиирхæфсæн мадзал нæм у цуаны цæуын. Арæнгæрон зонæйы нæ уыд гæнæн ӕнæ арæнхъахъхъæнджыты разыдзинадæй цуаны цæуын. Ныр нæ хъæу рацыд ацы зонæйæ æмæ нын цæрын бæрæг фенцондæр", — дзуры Sputnik Едысы цæрæг.

Едысы нымайынц, хицауады уынаффæ кæй фæрогдæр кæндзæн арæнгæрон территориты цæрджыты цард сæ бирæнымæц куырдиæтты фæстæ.
Фæлæ хъæутæн иууылдæр арæнгæрон зонæйæ рацæуæн нæй — арæны æдасдзинады сæраппонд. Афтæ, Арцеуы хъæуы цæрджытæ развæлгъау бафæдзæхсынц сæ дзæуджыхъæуккаг хæстæджыты, цæмæй се ‘рцыды размæ бамæт кæной пропусктыл.

Ирыстоны кӕрон

"Сæрдыгон улæфтыты рæстæджы нæм æрцæуы мæ хо йæ сывæллæттимæ. Таможнæйы сæрты рахизыны фæстæ уыдон хъæуы ноджы иу арæнхъахъхъæнджыты постыл рахизын. Уый тыххæй сæ хъæуы развæлгъау пропусктæ райсын Арæнгæрон управленийы", — дзуры Арцеуы хъæуы цæрæг Уалыты Роланд.

Фæлæ хъæуы æмбарынц, арæнгæрон зонæ кæй у цыфæнды паддзахадон арæны æнæмæнгхъæуæг элемент æмæ æмбаргæйæ кæсынц уый æдасдзинад бахъахъхъæныны мадзæлттæм.

ПӔК-ы пресс-службæйы информацимæ гæсгæ, хицауады уынаффæмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фæстæ цæрæн пунктты арæнгæрон зонæйы æрфæн ныр у иу километр, уый та раздæримæ абаргæйæ у бæрæг къаддæр. Ведомствӕйы банысан кодтой, ацы ивындзинад у ахæм хыгъдимæ арæзт, цæмæй бынæттон цæрджыты уавæртæ фæхуыздæр уой, æмæ уый æмрæстæджы хъахъхъæд цæуой паддзахадон закъондæттынад арæн хъахъхъæныны фадыджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0