Æнæ электроэнергийæ цæрыны фæрæзтæ

© Sputnik / Ада БагианЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвайлæгтæ тох кæнынц зынвадæттимæ, кæцытæ сын сæвзæрын кодта электроэнергийы ахицæн.

ЦХИНВАЛ, 17 ноябрь — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны рухсы ахицæн халы ахуыр царды равæрд æмæ æвзæрын кæны цардуагон зынвадæттæ. Афтæ, рухсы ахицæн йæ фæдыл асайы интернеты тагъдады, хæдзæртты хъарм доны æмæ хъармгæнæн системæйы ахицæн.

Ахæм бонты нæ фæкусынц сабидæттæ, скъолаты фæцыбыр вæййы ахуыры бон.

Хуссар Ирыстоны сараздзысты Гидроэлектростанцтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны сараздзысты Гидроэлектростанцтӕ

Уазал рæстæджы рухсы ахицæнимæ хæдзæртты йæ кусынæй æрлæууы хъармгæнæн системæ дæр. Республикæйы 1990-æм азæй фæстæмæ иумæйаг централон хъармгæнæн системæ кæй нæй, уый тыххæй алы хæдзары дæр æвæрд ис автономон хъармгæнæн системæтæ. Уыдонæн сæ куыст баст у электроэнергийыл.

Абон республикæйы райсом авд сахатыл ахуыссыд рухс. Сабидæттæ сты æхгæд, уымæн æмæ фадат нæй хæринаг æрцæттæ кæнын. Ныййарджытæ стыхстысты сæ сывæллæттæн хицæуттæ агурынæй.

Дон дæр кранæй æнæ электроэнергийæ нæ цæуы. Цхинвайлæгты ныккæндты æвæрд сты сæрмагонд доны бактæ (500-2000 л), уымæн æмæ дон лæвæрд цæуы æрмæстдæр графикмæ гæсгæ. Æнæ электромоторæй дон фатертæм нæ цæуы. Уымæ гæсгæ цæрджытæ ведратимæ цæуынц кæртмæ, цыран ма ис фадат дон сисынӕн.

Энергетиктæ иуварс кæнынц электрон хызæджы аварийы фæстиуджытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Энергетиктæ иуварс кæнынц электрон хызæджы аварийы фæстиуджытæ

Зындзинæдтыл фæтыхы фæстæ кусӕг адæм згъорынц сæ куыстытæм. Сфетофортæ кæй нæ кусынц, уый фæстиуæгæн цыды рæстæг фæфылдæр 10 минуты бæрц. Шофыртæ æмæ фистæгæй цæуджытæ дæр фæндагон фæткæвæрдæн цæуынц "йæ иувæрсты".

"Райсом, куыстмæ мæхи цæттæгæнгæйæ, бамбæрстон, хæдзары иу æртах дæр дон кæй нæй, рухс нæй, нæ кусы хъармгæнæн системæ. Дон ведраты æрбахастон сыхæгты кæртæй", — дзуры Цхинвалы цæрæг Этери.

Сколаты дӕр абон ис цыбыр ахуыры бон.

"Ныййарджыты бафæдзæхстой, æнæ электроэнергийæ фадат кæй нӕй аходæн æрцæттæ кæнын, уымæ гæсгæ сывæллæтты бахъæудзæн скъолайæ æмбисбон ракæнын", — дзуры 7-аздзыд Викæйы мад Маринæ.

Куыстуæттæй бирæтæ, куыд Дзулфыцæн комбинат, газетты редакцитæ, типограф, рынчындон сæ куыст кæнынц æрвылбонон режимы дизелон генераторты руаджы.

Электрон ифтонгад изæрмæ куыннæ сæндидзы, уæд Цхинвал аныгъуылы æхсæвы тары, цхинвайлæгтæ та бадынц романтикон уавæры цырагъы рухсмæ.

Нæ амондæн, 90-æм азтæм абаргæйæ, ахæм цаутæ арæх нал æрцæуынц, аваритæ та иуварс цæуынц оперативонæй. Уымæ гæсгæ республикæйы цæрджыты фидарæй уырны, дыццæджы боны кæронмæ сæ хæдзæрттæ кæй ныррайдзаст уыдзысты электрон рухсæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0