ЦХИНВАЛ, 14 янв — Sputnik. Ирон адӕм суанг 18 ӕнусы райдайӕны онг Ног аз нысан кодтой марты мӕйы. Уӕрӕсейы Петр I куы схицау, уӕд бӕстӕ рахызт аргъуанон къӕлиндармӕ ӕмӕ ацы бӕрӕгбоныл ӕмбӕлын райдыдтой январы.
Ног азы ӕрбалӕудимӕ фыццаг бӕрӕгбӕттӕй сӕ иу нысан кодтой Ног къуыри. Ног азы ӕхсӕв-иу бинонтӕ цӕттӕ кодтой бӕрӕгбонон фынг, фӕсивӕд та сӕхи ирхӕфстой митыл. Мӕйрухс ногазон ӕхсӕвы фӕсӕмбисӕхӕсӕвтӕм фӕсивӕд кодта быргӕ.
Ахӕм уырнынад уыд, ома дӕ хъуамӕ Ног аз ӕрыййафа хъӕлдзӕг ӕмӕ райдзаст зӕрдӕйыуагимӕ, кӕд-иу исчи рынчын уыд, уӕд-иу уый дӕр йӕхи фӕфидар кодта ӕмӕ-иу йӕ хуыссӕнӕй сыстад.
Ног бон. Нӕ фыдӕлтӕ ӕхсӕв ӕнафонмӕ бадтысты, кӕд сахат нӕ уыд, уӕддӕр ӕй зыдтой, ног аз кӕд райдайдзӕн. Ацы бон сӕхи фӕдзӕхстой, куывтой Хуыцаумӕ. "Зӕронд аз, дӕуӕй дӕр хъаст нӕ кӕнӕм", зӕгъгӕ, ахӕм бацӕуӕнимӕ хуыздӕр хӕрзиуджытӕ домдтой ног азӕй. Куырдтой фыдбылызӕй бахизын. Политикон ӕмбарынад куы фӕзынд, уый фӕстӕ-иу кувын райдыдтой, цӕмӕй "паддзӕхтӕ фидауынмӕ фӕуой". Сӕ сӕйраг куывд уыд Хуыцаумӕ, Уастырджимӕ ӕмӕ Уацилламӕ.
Цыкурайы фӕрдыг. Цыкурайы фæрдыг бæрæг бынат ахсы ирон адæмон сфæлдыстады. Загъдаутӕм гӕсгӕ, цыкурайы фӕрдыг-иу байстой кӕлмытӕй, дардтой йӕ зӕлдаг хъуымацы гӕппӕлы. Хӕдзары ӕмӕ бынаты фарн бастой цыкурайы фӕрдыгимӕ. Цӕмӕдӕр гӕсгӕ ахӕм хъуыды уыд, зӕгъгӕ, цыкуырайы фӕрдыг куы фесӕфа, уӕд уыцы хӕдзарӕн йӕ тых сӕфт у. Ног азӕн куы куывтой, уӕд-иу рахастой сӕ цыкурайы фӕрдыг дӕр. Бинонтӕй йӕм алкӕмӕн февналыны бар нӕ уыд.
Хуыргӕвстытӕ. Ног азы хӕдразмӕ бон-иу аргӕвстой хуы. Хъомыл ӕй кодтой цыппар-фондз азы дӕргъы. Сыхбӕстӕ-иу кӕрӕдзиимӕ ерыс кодтой, кӕмӕн стырдӕр кусарт ис. Стырдӕр хуы-иу кӕмӕн разынд, уыдон нымадтой кадджындӕр бинонтыл — хастой йӕ дисӕн. Ног азмӕ цалдӕр азы дӕргъы хуы кӕй хъомыл кодтой, уымӕн ма уыд ӕндӕр нысаниуӕг дӕр — хуыдзармӕй пайда кодтой алыгъуызон дзаума аразгӕйӕ. Уӕды рӕстӕджы хуыты лӕгуын нӕ кодтой, фӕлӕ стигъгӕ. Хъуыд сӕ царм зымӕгон ӕрчъитӕн.
Бынаты ӕхсӕв. Ног къуырийы ма уыд бынаты ӕхсӕв дӕр. Уӕд-иу бинонтӕй чидӕр ӕхсаргардӕй, науӕд хъамайӕ ӕрхахх кодта хӕдзары алыварс. Уый нысан кодта, хаххы сӕртыл фыдбылыз кӕй не ‘рбахиздзӕн хӕдзармӕ. Скодтой-иу ӕртӕ кӕрдзыны, уӕрыкк дӕр ӕргӕвстой. Ныр ӕй раивтой уасӕг, кӕнӕ каркӕй. Бынаты ӕхсӕвы уӕлибӕхтӕй хъуамӕ ӕддагон ма бахордтаид, ӕрмӕстдӕр бинонтӕ.
Мигӕнӕнтӕ. Иу уырнынад ма уыд ирон адӕммӕ — ног боны хъуамӕ дӕ мигӕнӕнтӕ уой дӕ хӕдзары. Хъӕууон царды хъуыд бирӕ мигӕнӕн ӕмӕ-иу кӕрӕдзийӕ куырдтой арахъхъуадзӕн, хырх, бӕндӕнтӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Алы бинонтӕ дӕр архайдтой, цӕмӕй сӕ мигӕнӕнты ног аз сӕ хӕдзары ӕрыййафа. Ацы хъуыддаг ӕвдыст цӕуы ирон фысджыты уацмысты.
Хорз къах. Иу стыр хъуыддаг ма уыд ацы ӕгъдӕутты. Алы бинонтӕ дӕр ацы бон архайдтой, цӕмӕй сӕм зӕрдӕхӕлар, хорз адӕймаг фӕуазӕг уа ӕмӕ сыл райсом фыццаг дӕр ахӕм адӕймаг сӕмбӕла. Ирон адӕмы ӕмбарынады баззад ахӕм хъуыды, ома ног боны райсом цы адӕймагыл сӕмбӕлай, уымӕ ӕнгӕс зӕрдӕйы уаг дын уыдзӕн ӕгас аз. Бинонтыл-иу ӕвзӕр аз куы скодта, уӕд-иу дзы азым кодтой ног боны фыццаг уазӕджы. Ахӕм ӕлгъыст дӕр ма баззад — "йӕ къах басудза, фарон мӕм уый фӕуазӕг ис".
Доныскъӕфӕнтӕ. Арӕзтой йӕ куыд ног боны райсом, афтӕ йӕ дыккаг бон дӕр. Архайдтой суадон ӕмӕ адагӕн йӕ сыгъдӕгдзинад рахӕссыныл. Кӕд дӕ разӕй исчи фӕуыдаит, уӕд сыгъдӕгдзинад дӕумӕ нал ӕфтыд. Уымӕ гӕсгӕ донмӕ цыдысты сӕумӕрайсом.
Тутыртӕ. Ног бонмӕ хӕрз ӕввахс сты Тутыртӕ дӕр. Тутырты-иу сывӕллӕттыл кодтой сырх ӕндӕхтӕ, ӕлвыдтой сын сӕ дзыккуйӕ гыццыл бындзыг, фосӕн та-иу ралвыдтой сӕ ныхтӕ, цӕмӕй ӕнӕфыдбылыз уой.
Ӕртхурон. Ирон адӕм гуыдынтӕ кодтой алыхуызӕттӕ. Чи дзы ӕхца ӕвӕрдта, чи Тутырты ӕлвыд хъуынтӕ, чи хоры нӕмыг, фыды мур æмæ æндæртæ. Скувыны фæстæ-иу æй, бинонтæ цал уыдысты, уал хайыл адих кодтой, ӕмӕ-иу йæ карсты кæмæн цы разынд, уымӕ ӕнхъӕлмӕ каст фидæны.
Ирон адӕммӕ Митын Дада нӕ уыд, не ‘вӕрдтой наз бӕлас дӕр, уыдон ӕрӕджы фӕзындысты.
Ног къуырийы фӕстӕ ирон адӕммӕ суанг февралмӕ — Комахсӕнтӕм (Галӕргӕвдӕн) бӕрӕгбон нал уыд.