Фыдгæнджытæ не сты, рынчынтæ сты

© Sputnik / Михаил Мордасов /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ирыстоны дӕсгай адӕймӕгтӕ рынчын сты серьезон психикон низтæй
Хуссар Ирыстоны дӕсгай адӕймӕгтӕ рынчын сты серьезон психикон низтæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны дӕсгай адӕймӕгтӕ рынчын сты серьезон психикон низтæй. Уыдонæн нæй фадат стационарон уавæрты схос кæнын – психиатрон рынчындон басыгъд 2008 азы хæсты рæстæджы. Сæ низыхатт куы скарз вæййы, уæд сæ цхинвайлаг Мидхъуыддæгты горæттаг управлени акæны дзæуджыхъæуккаг медицинон уагдæттæм.

ЦХИНВАЛ, 5 фев — Sputnik, Тадтаты Андрей. Хуссар Ирыстоны æстæм аз нæй психиатрон рынчындон. Уый басыгъд Гуырдзыйы агрессийы рæстæджы 2008 азы. Бæстыхайы цы стационарон рынчынтæ уыд, уыдон диссаджы ирвæзт акодтой, уыцы æхсæв радгæсад цы медицинон хотæ хастой, уыдон фæрцы.

Уæдæй фæстæмæ дæсгай рынчынтæ — социалон тæссагдзинад хæсджытӕ æмæ хаттæй хатт стационарон уавæрты хос кæнын кæмæн хъæуы — аззадысты æнæхъусдардæй. Уыдон лæууынц хыгъды бынæттон психоневрологон диспансеры, æнæаргъæй сын дæттынц хостæ, фæлæ дохтыртæн нæй фадат се ‘нæниздзинадмæ хъус дарын, сæ низы хатт куы сцырын вæййы, уӕд сын æмбæлон æххуыс бакæнын, афтæмæй та уыдон свæййынц зианхæссæг сæхицæн дæр æмæ сæ алыварсуæвæг адæмæн дæр.

"2015-2017 азты инвестпрограммæмæ хаст нæй ног психиатрон рынчындоны арæзтад. Фæлæ проблемæ у тынг актуалон æмæреспубликæйы президент Тыбылты Леонид æрæджы бахæс кодта самал кæнын фæрæзтæ ног рынчындон саразынæн. Нæ дызæрдыг кæнын, ацы хæслæвæрд кæй æрцæудзæн æххæст æмæ проблемæ æрцæудзæн скъуыддзаг", — загъта Sputnik æнæниздзинад хъахъхъæныны министры хæдивæг Зассеты Æхсар.

Цхинвалы соматикон рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы тубдиспансер ӕрбынат кӕндзӕн ног бæстыхайы

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ хыгъды ис 40 рынчыны, кæцытæм хъæуы уæлдай хъусдард здахын. Бахъуыды рæстæджы сæ арвитынц Цæгат Ирыстоны рынчындæттæм, цырран рацуынц хоскæныны курс æмæ æрæздæхынц фæстæмæ. Министры хæдивæг бафиппайдта, Дзæуджыхъæумæ рынчынты кæй акæнынц психоневрологон диспансеры дохтыртæ цхинвайлаг Мидхъуыддæгты горæттаг управлени кусджыты фæсдзыдимæ.

Ацы хъуыддагимæ разы не сты Цхинвалы Мидхъуыддæгты горæттаг управленийы, цыран Sputnik уацхæссæгæн загътой, Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад йæхи кæй аиуварс кодта ацы проблемæйæ, æмæ управленийы кусджытæ алыхатт кæй кæнынц кæйдæр куыст.

"Ахæм рынчынты хъуамæ кæной дохтыртæ сæхи автотранспортыл, Мидхъуыддæгты министрады кусджыты сӕ хъуамæ кæной стæм хæттыты — кæд æмæ рынчын у тасхæссæг. Афтæмæй та рынчынты кæнæм мах нæхи транспортыл", — загъта Мидхъуыддæгты горæттаг управленийы кусӕг, кæцыйы куырдиатмæ гæсгæ нæ хъæр кæнæм йæ ном.

Къуаисайы байгом уыдзæн ног рынчындон

Офицер ма банысан кодта, управлени ма кæй æмбæлы æндæр проблемæимæ дæр — рынчынтæн стационарон уавæрты нæ цæуы хос æмæ вæййынц хæдзæртты, уæд сæ низыхатт скарз кæныны рæстæджы сæ хиуæттæ фæдзурынц милицимæ, æмæ Мидхъуыддæгты горæттаг управленийы кусджытæ ацæуынц ӕрмæст горæтмæ нæ, фæлæ ма районтæм дæр.

"Ахæм рæстæджыты нæ фæзонæм цы аразын хъæуы — уымæн æмæ уыдон фыдгæнджытæ не сты, уыдон сты рынчын адӕм. Ахæм рæстæджы хъæуы специалистты æххуыс, медикаменттæ, кæцытæ махмæ не сты æмæ нæм хъуамæ ма уой", — загъта агентады дзырдæмбал.

Офицеры ныхæстæм гæсгæ, ацы рынчынты нымæц иууыл къаддæрæй у сæдæйы бæрц.

"Алчи хыгъдыл нæ лæууы. 2008 азæй фæстæмæ та психологон проблемæтимæ адæмы нымæц бæрæг фæфылдæр. Ахæм адæмы уавæр вæййы æвзæрдæр, хыгъды чы лæууы, уыцы рынчынты уавæримæ абаргæйæ", — банысан кодта уый.

Мидхъуыддӕгты министрады кусæг банысан кодта, проблемæйæн кӕй ис æрмæстдæр иу скъуыддзаг — республикæйæн хъуамæ уа йæхи психиатрон рынчындон. Цалынмæ ног агъуыст цæуа арæзт, уæдмæ уал хъуамæ рахицæн кæной цалдæр хатæны республикон рынчындоны.

Зæгъын хъæуы æмæ республикæйы хицауад кæй кусынц ацы проблемæйыл. 2010 азы психиатрон рынчындон фæнд кодтой саразын республикон рынчындоны афтид корпусы уæладзгуытæй иуыл, хъуыд æрмæстдæр ацы бæстыхæйттæ сцалцæг кæнын. Фæстæдæр медицинон уагдоны арæзтад хаст æрцыд 2012-2013 азтæн Инвестпрограммæмæ, рахицæн æрцыдысты æхцайы фæрæзтæ дæр, фæлæ сын фæстæдæр ссардтой æндæр нысан. Æмæ æрæджы республикæйы президент бахæс кодта самал кæнын фæрæзтæ ацы нысанæн…

Ног хабӕртты лентӕ
0