Тыбылты Леонид: Битарты Вячеслав кæронмæ бакæндзæн райдайгæ куыст

© Sputnik / Руслан ТадтаевПрезидент Тыбылты Леонид
Президент Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыбылты Леонид банысан кодта, Æгъуызарты Тамерлан цы ныфс æвæрдта Битарты Вячеславæй, уымæн кæй саргъ кодта УФ уæлдæр къухдариуæгад.

ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik. Битарты Вячеслав адарддæр кæндзæн æмæ кæронмæ бакæндзæн Æгъуызарты Тамерланы нывæзтытæ, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид.

Путин снысан кодта Битарты Вячеславы РЦИ-А-йы сæргълæууæджы хæстæ ӕххæстгæнæгæй

"Уӕрӕсейы уæлдæр къухдариуæгад бафидар кодта, Битарты Вячеславыл кæй æууæндыд æмæ йын кæй аргъ кодта Æгъуызарты Тамерлан, кæцы йæ снысан кодта республикæйы хицауады сæрдарæй. Æгъуызарты Тамерланимæ куысты рæстæджы Битарты Вячеслав йæхи равдыста куыд равзаргæ курсы æнувыд адæймаг — командæйы адæймаг", — загъта президент.

Уый ма банысан кодта, "Битарты Вячеслав хорз зонгæ кæй у Тамерлан Кимы фырты хъæппæристимæ, зоны сæ реализацийы фадæттæ æмæ йын бантысдзæн уыдон адарддæр кæнын æмæ кæронмæ бакæнын".

Тыбылты Леониды зæрдæ йын загъта "æнтыстытæ".

Ног хабӕртты лентӕ
0