Цхинвалы уынгты ӕмӕ бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты сæндидзыдтой арæзтадон куыстытæ

© Sputnik / Руслан ТадтаевАрӕзтад Цхинвалы уынгты
Арӕзтад Цхинвалы уынгты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2016 азы Инвестпрограммæмæ гæсгæ хъуамæ арæзт æмæ реализаци æрцæуой 17 объекты æмæ мадзалы. Ныридæгæн куыстытæ райдыдтой æхсæз уынгыл æмæ дыууæ фарастуæладзыгон хæдзары.

ЦХИНВАЛ, 4 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны аразджытæ æрæвнæлдтой инвестицион программӕйы реализацимæ, фехъусын кодтой майрæмбоны Sputnik Арæзтады министрады пресс-службæйы.

Ацы азы Инвестпрограммæмæ бахауд 17 объекты æмæ мадзалы. Программæйæн æхцайы фæрæзтæ хицæн цæуынц уæрæсейаг бюджетæй, уый нысанæн рахицæн æрцæудзæн æртæ миллиард сомы.

"Февралы дыккаг æмбисы аразджытæ æрæвнæлдтой дыууæ фарастуæладзыгон хæдзары реконструкцимæ, кæцытæ бахъыгдард сты 2008 азы августы хæстон архайдтыты рæстæджы. Реконструкцион куыстыты рæстæджы фæфидар кæндзысты бæстыхай, сцалцæг кæндзысты фатертæ, хæрзарæзт æрцæудзысты алфамблай территоритæ æмæ инфраструктурæ. Фарастуæладзыгон хæдзæрттæй иу рацараздзысты фондзуæладзыгонмæ", — загъта пресс-службæйы минæвар.

Уый загъта, реконструкцийы рæстæгмæ хæдзæртты цæрджытæ кæй æрбынат кодтой ног микрорайон "Цæгаттаг"-ы. Куыстытæ фæстæ уыдонæн фадат уыдзæн равзарын — сцалцæггонд фатертæм раздæхын, æви "Цæгаттаг"-ы баззайын.

Хъорнисы хъӕуы байгом сты ног скъола ӕмӕ культурӕйы хӕдзар

Ацы аз ма Цхинвалы адарддæр уыдзæн иу микрорайоны арæзтад — цыппар корпусы 200 фатеримæ.

"Ацы аз хæдзæртты арæзтадæн Инвестпрограммæйы æвæрд ис 425 милуан сомы, æдæппæт та 2015 — 2017 азы æртæазон хæдзарадон программæ реализаци кæнынæн бахардз уыдзæн иу миллиард сомы", — банысан кодта арæзтады министрады пресс-службæйы кусæг.

Афтæ ма Цхинвалы 11 нывæзтгонд уынгæй ныридæгæн æрæвнæлдтой æхсæз уынджы хæрзарæзтадмæ (2015 азы республикæйы столицæйы хæрзарæзт æрцыдысты 11 уынджы). Арæзтады министрады информацимæ гæсгæ, ныртæккæ ацы уынгтыл ивд цæуынц дæлзæхх коммуникацитæ, уый фæстæ та райдайдзысты асфальтæй æмбæрзын.

"Уынгты арæзтадæн ацы аз рахицæн æрцæудзæн 500 милуан сомы", — банысан кодта ведомствӕйы минæвар.

РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Премьер: УФ сæххæст кодта йӕхимæ райстгонд хæстæ РХИ финансон ифтонгады фæдыл

Куыстытæ ма дарддæр цæуынц дыууæ объектыл — сывæллæтты республикон рынчындоны æмæ паддзахадон драмтеатры. Дыууæ бæстыхай дæр эксплуатацимæ хъуамæ лæвæрд æрцæуой ацы аз.

Уымæй дарддæр ма арæзтадон куыстытæ райдыдтой Ленингоры поселочы дæр —цæрджытæ ацы азы кæронмæ райсдзысты сывæллæтты рæвдауæндон (100 сывæллонæн) æмæ скъола (176 сывæллонæн).

Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты фæдыл инвестпрограммæйæн финансон фæрæзтæ хицæн цæуынц УФ-йы бюджетæй. 2015 — 2017 азты республикæйы хъуамæ арæзт æрцæуой 31 объекты. Ацы нысæнттæн рахицæнгонд æрцæудзæн фараст миллиард сомы — фæйнæ æртæ миллиард сомы æрвылаз.

Ног хабӕртты лентӕ
0