Цхинвалы бакодтой сабийы чиныджы къуыри

© Sputnik / Плиты ФатимаЦхинвалы бакодтой сабийы чиныджы къуыри
Цхинвалы бакодтой сабийы чиныджы къуыри - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Скъоладзаутӕ ӕмӕ Цхинвалы сывӕллӕтты библиотекӕйы кусджытӕ сабиты чиныджы къуыри райдыдтой стыр бӕрӕгбонӕй. Сӕххӕст кодтой кӕфтытӕ ӕмӕ зарджытӕ, кастысты ӕмдзӕвгӕтӕ.

ЦХИНВАЛ, 17 мар — Sputnik. Скъоладзаутӕ ӕмӕ Цхинвалы сывӕллӕтты библиотекӕйы кусджытӕ расидтысты сабийы чиныджы къуыри. Уый цытӕн сывӕллӕтты библиотекӕйы цыппӕрӕмы уагъд ӕрцыд бӕрӕгбонон мадзал — скъоладзаутӕ сӕххӕст кодтой националон кӕфтытӕ ӕмӕ зарджытӕ, кастысты ӕмдзӕвгӕтӕ.

"Фыццаг хатт чиныджы къуыри бакодтой Уӕрӕсейы, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты рӕстӕджы 1943 азы, фӕстӕдӕр традицимӕ бамбал сты Хуссар Ирыстоны дӕр. Нӕ чысыл кӕсджытӕ тырныдтой мадзал бацӕттӕ кӕнынмӕ, се ‘ххуысы къух сӕ фӕндыд махмӕ фӕдаргъ кӕнын. Ӕмдзӕвгӕтӕ радзурын кӕй фӕндыд, уыдон нымӕц та уыд ӕгӕрон", — загъта библиотекӕйы директор Джиоты Аллӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сывӕллӕтты библиотекӕйы кӕсджыты нымӕц хизы 2 500-мӕ.

Цæвиттойнаг адæм интернет æмæ ӕнӕфсӕрмдзинады дуджы

"Ӕрвылбон дӕр сӕ ахуыры фӕстӕ махмӕ ‘рбазгъорынц бирӕ скъоладзаутӕ. Ам уыдон бахизынц аргъӕутты дунемӕ, базонгӕ вӕййынц Нарты кадджыты хъайтартимӕ, фӕрсынц сывӕллӕтты журнӕлттӕ: "Хуры тынг", "Ногдзау", "Мурзилка", "Классный журнал", "Веселый уголок" ӕмӕ ӕндӕртӕ", — радзырдта Джиоты Аллӕ.

Афтӕ ма уый банысан кодта, сабийы чиныджы къуыри цытджын ӕгъдауӕй ӕхгӕд кӕй ӕрцӕудзӕн 2 апрелы, сабийы чиныджы ӕппӕтадӕмон боны.

Ног хабӕртты лентӕ
0