Ӕбæрæгæй сæфтыты бацагурыны фӕдыл эксперт йæ куыст адарддæр кæндзæн апрелы

© Sputnik / Диана КозаеваДжиоты Мурæт
Джиоты Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æхсæнадæмон эксперты рекомендацитæй æвдыст у, æбæрæгæй сæфтыл нымад чи сты, уыцы æртæ хуссарирыстойнаг æмбæстаджы кӕй уыдысты Гуырдзыстоны барадхъахъхъæнæн органты къухты.

ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад у æнæдызæрдыг æбæрæгæй фесæфæг хуссарирыстойнаг æмбæстæгты фæдыл æхсæнадæмон эксперт Душан Игньятовичы объективон куысты, фехъусын кодта журналисттæн фæсконфликтон уавӕр æрнывыл кæныны фæдыл президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт.

ОБСЕ æрбахуыдта хæдбар эксперты, Хуссар Ирыстоны цæрджытæй 2008 азы æбæрæгæй цы æмбæстæгтæ фесæфт, уыдон хъысмæт сбæрæг кæныны тыххæй. Игньятович йæ куыстмæ æрæвнæлдта фарон октябры æмæ марты æрбавдыста йæ рекомендацитæ.

"Эксперты рекомендациты бæрæгæй æвдыст у, хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ Хуыгаты Алан, Хацырты Алан æмæ Плиты Солтан кæй уыдысты Гуырдзыстоны барадхъахъхъæнæн органты къухты. Уый ма æвдыст уыд Уæлдæр комиссар Томас Хаммарбергы къухдариуæгады бын Европæйы Цæдисы экспертты доклады дæр. Гуырдзыстоны хицауад хæссы бæрндзинад не ‘мбæстæгты дарддæры хъысмæт базоныны фæдыл", — загъта Джиоты Мурæт.

Джиоты Мурæт: Хуссар Иры ныфс ис ОБСЕ-йы эксперты куысты фæстиуджытæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Мурæт: Хуссар Иры ныфс ис ОБСЕ-йы эксперты куысты фæстиуджытæй

Уый загъта, эксперт йæ куыст кæй нæ фæцис æмæ апрелы ногæй кæй æрæздæхдзæн Хуссар Ирыстонмæ æмæ адарддæр кæндзæн йæ архайд.

"Мах дырысæй зонæм, ацы лæппутæ кæй уыдысты гуырдзиаг хъæу Мереты полицийы посты, уый фæстæ та сæ аластой Гурмæ. Уыдис зонæнтæ, кæй уыдысты гуырдзиаг ахæстæттæй иуы. Цыфæнды ма уа, мах нæ сафæм нæ ныфс уыдон хъысмæт сбæрæг кæныны фæдыл", — загъта Джиоты Мурæт.

Уымæй дарддæр ма, æххæстбарджын минæвар банысан кодта, Гуырдзыстоны ахæстæтты кæй нал ис хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ. Раздæр ма уыд информаци, ома Гуырдзыстоны ахæстоны бады цавæрдæр Тедеты Алик — Хуссар Ирыстоны æмбæстаг.

"Не ‘мбæстæгтæ фæстаг цалдæр азы иууылдæр æрцыдысты сæрибар. Бирæ бæрцæй женеваг дискусситы фæлгæтты архайды фæцы. Кæд искæцы этникон ирон равзæрста Гуырдзыстон иудадзыг цæрæнбынатыл, ацы бæстæйы территорийыл сарæзта фыдракæнд æмæ бады ахæстоны, уæд уый йæ проблемæ у", — банысан кодта Джиоты Мурæт.

Цыппар хуссарирыстойнаг æмбæстаджы, кæцытæ бадтысты гуырдзыстойнаг ахæстæтты, 10 марты æрæздæхтысты республикæмæ. Уыдон баивтой 12 гуырдзыстойнаг æмбæстæгтыл, кæцытæ уыдысты ахæсты Хуссар Ир æмæ Абхазы.

Ног хабӕртты лентӕ
0