ЦХИНВАЛ, 31 мар — Sputnik, Лев Рыжков. Традицион, æртындæсæм хатт цæуæг мадзæлтты хайад райстой æппæт Уæрæсейæ 42 кадетон скъола æмæ корпусты хъомылгæнинæгтæ — æдæппæт 760 адæймаджы, фехъусын кодта æмбырдты директор æмæ координатор Денис Грицевич. Се ‘хсæн ис кадеттæ, кæцытæ æрцыдысты дардæй — Сахалин æмæ Камчаткæйæ. Цхинвайлаг кадеттæ æмбырдты хайад исынц æртыккаг хатт.
Хуссарирыстойнаг уазджыты ам зонынц. Базонӕн сæ ис сӕ цинелтæй. Формæйон зымæгон худтæ æмæ, æввахс бацæугæйæ, сæ дыстыл шевронтæй.
"Мæскуымæ æрцыдытæм 28 марты. Фæндагыл бахъуыдыстæм суткæйы бæрц. Цхинвалæй автобусыл ныццыдыстæм Минералон Дæттæм, уый фæстæ та хæдтæхæгыл — Мæскуымæ. Куыддæр уазæгдоны æрбынат кодтам, афтæ ацыдыстæм Мæскуыйыл афæлгæстон экскурсийы", — дзуры кадетон скъолайы директор, булкъон Æлборты Эдуард.
Цхинвалы кадетон скъолайы ахуырдзаутӕн сæ фылдæр сты спортсментæ, чидæртæ та чемпионтæ дæр. 29 марты хуссарирыстойнаг уазджытæн фадат уыд сæ физикон цæттæдзинад равдисын мæскуыйаг æфсæддон хæйттæй иуы спорткомплексы.
30 март та уыд нысаниуæгджын бон — рæнхъыстад æмæ зарды фæлгæсты сæ арæхстдзинад равдисын. Уый фæстæ та райдыдта хиирхæфсæн программæ — музейтæ, экскурситæ, цирк.
Алкæцы кадетон дæлхайы дæр ис чызджытæ. Цхинвайлаг кадетттæ- чызджытæ иууылдæр сты спортсменкæтæ.
Коцты Элинæ у боксер-профессионал. Уый ахуыр кæны иуæндæсæм классы, фæлæ йын ис хистæр кары рæнхъ боксæй. Ис нæм чызг-ахуыргæнинаг, кæцы дыууæ хатты рамбылдта Хуссар Уæрæсейы ерыстæ рог атлетикæйæ. Иу иуæндæсæмклассон чызг та нæм у Хуссар Уæрæсейы чемпионкæ æмбуар хъæбысхæстæй.
Базонгæ стæм чемпионкæтæй иуимæ. Къæбысты Мария хæст у рог атлетикæйыл, фæнды йæ ‘фсæддон карьерæ саразын. Кадетон скъолайы директоры ныхæстæм гæсгæ, уым диссагæй ницы ис — Уæрæсейы бирæ уæлдæр æфсæддон ахуырадон уагдæттæй бирæтæ исынц чызджыты.
"Ныры балцы организатор у республикон хъахъхъæнынады министрад. Уымæ гæсгæ, ныййарджытæй æхца нал фæисæм. Кæд искæй фæнды спонсорон æххуыс бакæнын, уæд табуафси", — дзуры Æлборты Эдуард.
Кадеттимæ ма æрцыд хореограф Гасситы Кристина, кæцы фидæн æфсæддонтимæ ахуыр кæны кафтытæ дæр.
"Мах зонæм вальс, танго кафын. Æнæмæнгæй ахуыр кæнæм националон кафт — симд. Майы уыдзысты рауагъдон балтæ æмæ алы æфсæддон дæр хъуамæ зона хорз кафын, рагон уæрæсейаг æфсады традици куыд уыд, афтæ", — дзуры Кристинæ.
"Покланная гора"-йыл цы сывæллæттæ цыдысты маршы, уыдон иууылдæр Мæскуйы сты фыццаг хатт. Сæ цæстытæ цæхæртæ калынц, фæнды сæ ногæй ардæм æрæздæхын.