Парламенты спикер разы нæу референдумы фарсты формулировкæимæ

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоны парламенты спикер Бибылты Анатолий
Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президенты администраци фæнд кæны референдуммæ рахæссын Конституцимæ уæлæмхасæнтæ бахæссыны фарст, кæцытæ президентæн фадат ратдзысты Кремлмæ бахатын республикæ ног субъектæй УФ-йы скондмæ айсыны куырдиатимæ. Спикер фехъусын кодта, референдум уадзын кæй хъæуы УФ скондмæ комкоммæ бацæуыны тыххæй.

ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Бибылты Анатолий фехъусын кодта, разы кæй нæу фарсты формулировкæимæ, кæцы президенты администраци хъуамæ рахæсса РХИ УФ-йы скондмæ бацæуыны фæдыл референдуммæ.

РХИ президенты администраци æртыццæджы фехъусын кодта, зӕгъгӕ, УФ-йы скондмæ бацæуыны фæдыл референдумы рæстæджы æмбæстæгтæм æрсидтдзысты РХИ Конституцимæ ивындзинæдтæ бахæссыныл разыдзинад равдисын, кæцытæ президентæн фадат ратдзысты парламентимæ æрæмдзыхы фæстæ бахатын Кремлмæ республикæ ног субъектæй УФ-йы скондмæ айсыны куырдиатимæ.

РХИ ӕмӕ УФ тырысатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президенты администраци фехъусын кодта УФ-йы скондмæ бацæуыны фæдыл референдумы фарст

"Куыд Хуссар Ирыстоны æмбæстаг дæр æмæ куыд парламенты спикер дæр, афтæ нымайын, референдумы рæстæджы адæмы кæй хъуамæ бафæрсой Уæрæсейы скондмæ бацæуыны фæдыл разыдзинадæй", — банысан кодта уый.

Бибылты Анатолий зæрдыл æрлæууын кодта, Конституцимæ гæсгæ, ахæм нысаниуæгджын фарстытæ "скъуыддзаг кæй хъуамæ цæуой æппæтадæмон хъæлæсдæттыны рæстæджы, æмæ иу адæймагæн, кæд президент у, уæддæр, ма хъуамӕ уа бар демократон паддзахады нормæты ныхмæ цæуын".

"Æрмæстдæр адæм скъуыддзаг кæнынц, кæд хъæуы сидын уæрæсейаг къухдариуæгадмæ ахæм ахсджиаг фарсты тыххæй", — загъта спикер.

Ног хабӕртты лентӕ
0