Уынгты ӕнӕивгӕ нӕмттӕ

© Sputnik / Алексей КовалевЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы уынгтӕй кӕцыдӕрты нӕмттӕ раивынмӕ цалдӕр азы размӕ ӕрӕвнӕлдта сӕрмагонд къамис. Йӕ сӕргълӕууӕг Хъазиты Хатуна куыд загъта, афтӕмӕй ма ныридӕгӕн ивинагӕй баззадысты ӕрмӕстдӕр цыппар уынджы. Фӕлӕ Sputnik ӕрфарст равдыста, цӕрджытӕй бирӕтӕ кӕй сты Цхинвалы стырдӕр ӕмӕ сӕйраг уынгтӕй кӕцыдӕрты раивыны фарс.

ЦХИНВАЛ, 29 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы уынгты нӕмттӕ раивыны фӕдыл сæрмагонд къамис йӕ куыст ӕрурӕдта 2017 азмӕ — цалынмӕ республикӕйы сæйраг горæты арæзтадон-æндидзынгæнæн куыстытæ фæуой, уæдмæ.

Цалдӕр азы размӕ Цхинвалы администрацийы дӕлбар арӕзт ӕрцыд сӕрмагонд къамис, кӕцы ӕрӕвнӕлдта горӕты уынгтӕ, фӕзуӕттӕ ӕмӕ скверты нӕмттӕй ивинаг чи уыд, уыдонӕн ног нӕмттӕ дӕттынмӕ. Йе сконды ис фысджытæ, зонадон кусджытæ, университеты ахуыргæнджытæ æмæ горæты администрацийы кусджытæ. Къамисӕн бантыст цалдӕр уынджы ном раивын, фӕлӕ ныр куыст ныннымӕг.

Цхинвалы мэры хæдивæг ӕмӕ къамисы сæргълæууæг Хъазиты Хатуна куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй къамис йӕ куыст ӕрурӕдта, цӕмӕй уынгтыл арӕзтадон-цалцӕггӕнӕн куыстыты рӕстӕджы документтимӕ мацы проблемӕтӕ ӕвзӕра. 

Сӕрфӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
110 сӕрфӕджы vs Цхинвалы 35000 цӕрӕджы

"Арæзтадон куыстытæ цы уынгтыл цæуынц, уыдонæн сӕ нӕмттӕ куы раивӕм, уæд сӕ документтӕ схӕццӕ-мӕццӕ вӕййынц ӕмӕ сӕ фидар кӕныны рӕстӕджы аразджытӕн фӕзыны проблемӕтӕ. Уымӕ гӕсгӕ мах рахастам нӕ куыст ӕруромыны уынаффӕ, цалынмӕ горӕты уынгтӕ кӕронмӕ арӕзт нӕ фӕуой, уӕдмӕ", — радзырдта Хъазиты Хатуна.

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, ныртӕккӕ ма горӕты ивинаг нӕмттимӕ баззад ӕрмӕстдӕр цыппар уынджы, аннæтæ хæссынц, Ирыстон сæрыстыр кæмæй у, ахæм гоймæгты нæмттæ, "науæд та сты нæ бæстæйы истори".

Фӕлӕ Sputnik ӕрфарст куыд равдыста, афтӕмӕй цӕрджытӕй бирӕтӕ сты Цхинвалы стырдӕр ӕмӕ сӕйраг уынгтӕй кӕцыдӕрты раивыны фарс. Уӕлдай тынгдӕр хъаугъатӕ ис Сталины уынджы алыварс.

"Сталин ирон адӕмӕн хорзӕй ца рхаста, цӕмӕй нӕ сӕйраг уынг йӕ ном хӕсса? Ирон уӕвгӕйӕ, ныддих кодта ирон адӕмы ӕнустӕм, уый йӕ рӕстӕджы цы скъуыддзаг рахаста, уый фӕстиуӕгӕй нӕ адӕм нырма дӕр хъизӕмар кӕнынц. Мӕнмӕ гӕсгӕ, ацы уынг ӕвӕстиатӕй хъӕуы раивын ӕмӕ йын раттын Ирыстоны хъайтартӕй искӕцыйы ном. Кӕнӕ зӕгъӕм, Хуыбылты Валерий уый аккаг нӕ уыд, ӕмӕ йын уынджы ‘рдӕгӕн нӕ, фӕлӕ ӕнӕхъӕн уынгӕн радтаиккой йӕ ном?", — загъта Sputnik горӕты цӕрӕг Тадтаты Замирӕ. 

Уымӕй дарддӕр ма цӕрджыты хсӕн ӕнӕразыдзинад æвзӕрын кæнынц Октябры, 8 июны, Советон, Черепичная, Мичурины, Кирпичная ӕмӕ ӕндӕр уынгтæ. 

"Ӕмбарын ӕй, йӕ рӕстӕджы ацы нӕмттӕ кӕй уыдысты тынг актуалон, фӕлӕ, мӕнмӕ гӕсгӕ, бирӕ уынгтӕ ныр хъӕуы раивын. Октябры революци дӕр хорз у, фӕлӕ нӕхимӕ дӕр ис тынг бирӕ нырыккон хъайтартӕ, ахуыргӕндтӕ, зынгӕ ӕхсӕнадон архайджытӕ, зӕгъӕм, Гасситы Знауыр, Джуссойты Нафи, Джиоты Азӕмӕт ӕмӕ Багаты Амиран, кӕнӕ та ӕндӕр зынгӕ адӕм. Хорз уаид, уыдонӕн дӕр сӕ нӕмттӕ куы сӕнусон кӕниккой", — нымайы Цхуырбаты Андрей.

Фӕлӕ сӕрмагонд къамисы уӕнгтӕ сты ӕндӕр хъуыдыйыл хӕст. 

Цхинвалы цалцӕджы фӕстӕ бакодтой Октябры уынг

"Октябры революци Ирыстонæн хорздзинад æмæ рухсадæй дарддæр ницы ӕрхаста æмæ уыцы ном аппаринаг нæу. Ахæм хъуыдыйыл хæст сты къамисы уæнгтæ дæр. Стæй ма уынджы ном раивыны хъуыддаг йæ фæдыл расайы бирæ проблемӕтæ æмæ хæрдзтæ", — загъта Хъазиты Хатуна.

Афтӕ ма Хъазиты Хатуна банысан кодта, зӕгъгӕ, иу кӕнӕ иннӕ уынджы ном раивыны тыххӕй къамисмæ куырдиæттæ æрбавдисынц коллективтæ, инициативон къордтæ, хицæн адæймæгтæ, "ныридæгæн дæр нӕм æвзаринаг ис ӕхсӕз бавдысты онг".

1989 азæй фæстæмӕ Хуссар Ирыстоны сæрвæлтау тохты йæ сæр нывондæн цы хъайтартæ æрхастой, уыдоныл дзургӕйӕ та Хъазиты Хатуна банысан кодта, зӕгъгӕ уыдон ном та кӕй ссардзысты иумӕйаг мемориалӕй.

"Уыдон иууылдӕр уыдысты аккаг адӕм, фӕлӕ сӕ алкӕцыйы ном уынгтӕн раттын нӕ бон нӕу. Уымӕ гӕсгӕ, хицауады æмвæзадыл рахастæуыд уынаффæ, сæ ном кӕй сæнусон уыдзӕн иумӕйаг мемориалы", — банысан кодта къамисы хистæр.

Цхинвалы райрæзты генералон планмæ гæсгæ, горæт рæздзæн цæгатырдæм, нывӕзтмӕ гæсгæ ам фæзындзæн ног микрорайонтæ æмæ уынгтæ. Къамисы уӕнгтӕ ныфс ӕвӕрынц, горæты рæзтимӕ ам кӕй фæзындзæн зонадон кусджытæ, фысджытæ, поэттæ, спортсментæ æмæ Ирыстон сæрыстыр кæмæй у, ахæм гоймæгты уынгтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0