ЦХИНВАЛ, 7 июл — Sputnik, Босыкты Наталья. Джиоты Олег ныр дыккаг аз цӕттӕ кӕны ӕрыгон спортсменты Хуссар Ирыстоны стыр теннисы иунӕг секцийы.
Тренировкӕтӕ цӕуынц спортивон скъола "Фӕранк"-ы къортыл, кӕцы сарӕзта ӕмӕ йӕм йӕ хъус дары хӕрзаудӕн организаци "Фӕранк".
Нӕ республикӕйы бонӕй бонмӕ фылдӕр кӕны ацы спорты хуызӕй кӕй фӕнды тренировкӕ кӕнын, уыдон нымӕц — ныртӕккӕ тренермӕ ис 30 хъомылгӕнинагӕй фылдӕр, сӕйраджыдӕр кӕстӕр къласты ахуыргӕнинӕгтӕ.
Иунӕг къортӕн йӕ уавӕртӕ бынтон хорз не сты.
"Ацы къорт у иунӕг ӕнӕхъӕн горӕты, уымӕ гӕсгӕ махӕн ӕндӕр гӕнӕн нӕй, ам цӕттӕ кӕнынӕй дарддӕр. Ацы къортыл тренировкӕ кӕнын пайда нӕ, фӕлӕ у тӕссаг дӕр", — загъта уый Sputnik уацхӕссӕгӕн.
Тренер бамбарын кодта, нырыккон къорттӕн кӕй хъуамӕ уа хорз ӕмбӕрзт — кӕрдӕгӕй кӕнӕ зæхцъарӕй. Ӕндӕр ӕмбӕрзттӕ — хъӕдӕй кӕнӕ асфальтӕй — кӕд сты популярондӕр сӕ аслам аргъы тыххӕй, уӕддӕр уыдоныл тренировкӕтӕ хӕссынц зиан адӕймаджы ӕнӕниздзинадӕн — уыдон ӕппӕрццагӕй ӕндавынц къӕхтыл, æрхджытыл ӕмӕ рагъыстæгыл.
Джиоты Олег бирӕ рӕстӕг тренеры куыст кодта Мӕскуыйы, рацыд стажировкӕ Испанийы. Цавӕрдӕр рӕстӕджы фӕстӕ ӕрӕздӕхт Цхинвалмӕ ӕмӕ бакодта хисӕрмагонд скъола стыр теннисӕй. Цалдӕр хатт бахатыд фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы фӕдыл комитетмӕ, цӕмӕй йын баххуыс кӕной тренировкӕты уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнын.
Уымӕй дарддӕр ма, Олег архайдта Стыр теннисы федераци саразыныл, фӕлӕ йын уадиссаг ницы ӕнтыстытӕ уыд.
"Куы ӕрӕздӕхтӕн, уӕд райдыдтон кусын федераци саразыныл, фӕлӕ мын нӕ бантыст. Спонсортӕ нӕй. Спортсментимӕ нын фаг уаид хорз къорт дӕр, иннӕтӕ нӕхӕдӕг саразиккам. Азӕн йе мбис мах тренировкӕтӕ нӕ фӕуадзӕм. Теннисы бӕрзӕндтӕм хизыны тыххӕй нӕ хъӕуы цӕттӕ кӕнын иууыл къаддӕрӕй бон цыппар сахаты бӕрц. Хъыгагӕн, махӕн та нӕ тренировкӕтӕ баст сты боныгъӕдимӕ",- дзуры тренер.
Ныртӕккӕ скъолайы ис 30 хъомылгӕнинагӕй фылдӕр — фондз азӕй 11 азы кары сывӕллӕттӕ. Уыдонӕн нӕй фадат профессионалон ерысты хайад исын, уыдон та ӕнӕмӕнгхъӕуӕг сты профессионалон рӕзтӕн.
Уымӕй дарддӕр ма бӕрзонд ӕнтыстыты тыххӕй, ӕрыгон теннисисттӕ хъуамӕ сӕхи цӕттӕ кӕной иууыл къаддӕрӕй боны мидӕг цыппар сахат.
"Тренеровкӕтӕн ӕмбӕлон уавӕртӕ арӕзт куы ӕрцӕуой, уӕд нӕ рӕзгӕ фӕлтӕры къухты бафтдзӕн стыр ӕнтыстытӕ стыр теннисӕй ерысты. Уый у спорты перспективон хуыз, хъӕуы хъуыды кӕнын теннисы райрӕзт ӕмӕ парахат кӕныныл Хуссар Ирыстоны ",- банысан кодта Джиоты Олег.
Афтӕ ма йӕ нывӕзты ис хайад райсын Гергиты Валерийы номыл турниры теннисӕй, кӕцы уагъд ӕрцӕудзӕн ацы аз августы, Дзӕуджыхъӕуы.
"Нӕхи цӕттӕ кӕнӕм ацы мадзалмӕ. Нӕ къорты ӕмӕ ӕндӕр уавӕртӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, дзы ӕвӕццӕгӕн мӕ хъомылгӕнинӕгтӕй райсдзӕн хайад иу чызг. Мӕхӕдӕг дӕр дзы фӕнд кӕнын мӕ тыхтӕ бавзарын",- загъта тренер.
Уый загъта, уӕлахиздзауты кӕй схорзӕхджын кӕндзысты ӕхцайы премийӕ ӕмӕ сӕм кӕд амонд йӕ мидбыл бахуда, ӕмӕ сын бантыса турниры призертӕ суӕвын, уӕд сӕ приз бахардз кӕндзысты ног къортыл.
"Искуы Хуссар Ирыстонӕн уыдзӕн йӕхи чемпион теннисӕй. Уыцы хъуыддагмӕ аздахдзӕн ӕппӕт мӕ тыхтӕ ӕмӕ фӕлтӕрддзинад",- фидарӕй загъта тренер.