ЦХИНВАЛ, 6 июл — Sputnik. Гаглойты Аннӕ (медик йӕ ахуырадмӕ гӕсгӕ) у дохтыр — эпидемиолог фӕлхасгӕнджыты барты фӕдыл комитеты ӕмӕ фитнесы тренер.
Ацы чызгыл Цхинвалы уынгтыл амбӕлгӕйӕ, ӕмбарыс, дӕ разы кӕй ис ирд ӕмӕ иугъæдон гоймаг, кӕцы цӕры ӕххӕст цардӕй, ӕмӕ адӕймаджы фӕнды уымӕн зӕрдӕскъӕфӕн ныхӕстӕ кӕнын. Гаглойты Аннӕ — фӕлхасгӕнджыты барты фӕдыл комитеты кусӕг ӕмӕ фитнес-инструктор ма тынг хорз арӕхсы дунейы иууыл бӕрнон — "ныййарӕг" ӕмӕ "мады" куыстмӕ дӕр.
Нӕ фарстӕн, куыд ын ӕнтысы уый бӕрц хъуыддӕгтӕ ӕххӕст кӕнын, Аннӕ худы, зӕгъгӕ "алцыдӕр аразы тагъд темпы".
Пионер — фитнес
Фитнесмӕ Аннӕ ӕрцыд кӕфтыты уылты, кӕцытыл фӕхӕст йӕ студентон царды рӕстӕджы Дзӕуджыхъӕуы.
"Нӕ кафты коллективы сырӕзт цавӕрдӕр бындур ӕхӕм адӕмӕй, кӕцытӕн ацы хъуыддаг уыд хоббийӕ бирӕ нысаниуӕгджындӕр. Мах-иу ӕрӕмбырд стӕм тренировкӕты фӕстӕ ӕмӕ иу нӕ буарӕн дӕттам фадат ацы энерги рауӕгъд кӕнынӕн",- дзуры Аннӕ.
Рӕстӕджы цыдимӕ, нӕ къорд ныппырх, фӕлӕ мын баззад сонт тырнындзинад спортмӕ. Кафтыты бӕсты ӕз активонӕй райдыдтон цӕуын Дзӕуджыхъӕуы алыгъуызон спорт-клубтӕм ӕмӕ фитнесы бирӕнымӕц методикӕтӕ ӕмӕ здӕхтыты ӕхсӕн райдыдтон агурын "мӕхи". Фӕлтӕрддзинад ӕмбамбырдгӕнгӕйӕ, райдыдтон мӕхӕдӕг амонын.
Цхинвалмӕ ӕрӕздӕхгӕйӕ, Аннӕ ӕвӕстиатӕй райдыдта агурын фитнесы уроктӕн бӕстыхай.
"Ӕнӕниз цардуаг, ӕлвӕст спортивон фигурæ ӕмӕ ӕнӕниз хӕлцад сты нырыккон ӕрыгон адӕймаджы ӕнӕфӕцудгӕ ӕмбарынӕдтӕ. Цадӕггай Цхинвал дӕр уыдзӕн сбарӕн дунеон тренды барӕнтӕй. Куысты боны фӕстӕ цхинвайлӕгтӕй чи фитнесмӕ тагъд кӕны, чи йогӕмӕ, чи та тренажерон залмӕ. Уымӕ гӕсгӕ, ӕз нӕ дызӕрдыг кодтон, алцыдӕр мын кӕй бантысдзӕн",- дзуры Аннӕ.
Ӕрыгон адӕмы спортивон активондзинад уӕлдӕр вӕййы уалдзӕджы. Уымӕн ӕмӕ алкӕй дӕр фӕнды сӕрдыл сӕмбӕла рӕсугъддӕрӕй ӕмӕ гуырвидыцӕй. Фитнес-залы цӕуджыты ацы категори Аннӕ хоны "малусӕгтӕ". Уымӕн ӕмӕ уыдонмӕ дӕр рӕсугъд уалдзыгон дидинджытау, спортмӕ тырнындзинад райхъал вӕййы уалдзӕджы.
"Мӕнӕн спорт фӕмӕллӕг кӕныны фӕрӕз нӕу. Спорт сӕйраджыдӕр у иттӕг хорз антидепрессант ӕмӕ сӕрӕй суры алыгъуызон ӕвзӕр хъуыдытӕ. Ӕппӕт тыхтӕй куы ауадзай тренировкӕ, уӕд цыма ногӕй райгуыры адӕймаг!",- дзуры Аннӕ.
Дохтыр —эпидемиолог
Фитнесæй дарддæр, Аннæ кусы дохтыр- эпидемиологæй фæлхасгæнджыты барты фæдыл комитеты, архайы вазыгджын æмæ бæрнон куысты — сгарынц инфекцион низты артдзæст æмæ фидар кæнынц сæ ныхмæ тох кæныны мадзæлтты нывæзт.
Эпидемиологы куыст æнгомæй баст у лабораторитимæ, уымæ гæсгæ спортмæ æвзыгъд чызджы фæлгонц аиуварс кæнгæйæ, райсомæй Аннæ бахизы комитеты кусæджы тызмæг фæлгонцы.
"Инфекцитæй рынчынты рабæрӕг кæнын æмæ инфекцийы апарахат ма рауадзын сты мæ бæрны. Стæй ма мæ цæст дарын республикæйы хосгæнæн уагдæтты санитарон уавæрмæ дӕр",- загъта Аннæ.
Ӕппæт ацы профессионалон терминтæ æмæ дзырдбасттæ зынтæй æмбары адæймаг, фæлæ сæ Аннæ бæстонæй æмбарын кæны.
"Мах æмбырд кæнæм информаци хосгæнæн уагдæттæм чи бацæуы, уыдон фæдыл. Кæд нæ зæрдæ ахсайы инфекци дарддæр парахат цæудзæн, уæд сæрмагондæй кусæм рынчынтимæ.
Ӕмбарын сын кæнæм хидарыны фæтк, куыд хъæуы бахизын аннæ адæмы инфекцийæ",- æмбарын кæны Аннæ.
Комитеты кусы фæстаг дыууæ азы æмæ ацы рæстæг инфекцийы уæрæх рапарахаты цаутæ нæ уыд.
Цы у ахсджиагдæр
Фарст, йæ професситæй кæцы у сæйрагдæр, чызг дзыуапп дæтты, дыууæтæ дæр кæй сты цымыдисон, фæлæ кӕрӕдзийӕн ныхмæвæрд, алкӕцыйӕн дӕр дзы нывонд кӕны йӕ рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ.
"Зæрдæрардæй архайын дыууæйы дæр", — балхынцъ кодта йæ ныхæстæ Анна