УУМ фӕдзӕхсы Цӕгат Иры тӕрккъӕвда ӕмӕ ихуарды тыххӕй

© Sputnik / Алексей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæТӕрккъӕвда
Тӕрккъӕвда - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстон, Кӕсӕг-Балхъар, Цӕцӕн, Мӕхъӕл ӕмӕ Стъаврополы крайы территорийыл къуырисӕры уыдзӕн тӕрккъӕвда, тыхдымгӕ ӕмӕ ихуард, дзырдӕуы УУМ-ы прогнозы.

ЦХИНВАЛ, 11 июл — Sputnik. Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Цӕгат-Кавказаг федералон зылды ноджы цыппар регионы цӕрджыты цардифтонгад гӕнӕн ис ӕмӕ ӕрцӕуа хӕлд тӕрккъӕвда, тыхдымгӕ ӕмӕ ихуарды аххосагӕй, фӕдзӕхсы УУМ.

Тæрккъæвдатæ фæластой Дзауы районы фæндæгтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тæрккъæвдатæ фæластой Дзауы районы фæндæгтæ

"Центр "Антистихия"-йы зонӕнтӕм гӕсгӕ, Цӕгат Ирыстон, Кӕсӕг-Балхъар, Цӕцӕн, Мӕхъӕл ӕмӕ Стъаврополы крайы территорийыл 11 июлы уыдзӕн тӕрккъӕвда ӕмӕ ихуард, дымгӕйы футтытæ хæццæ кæндзысты 20 м/с", — дзырдæуы прогнозы.

Ӕвзӕр боныгъӕдтӕ, ирвӕзынгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис ӕмӕ фехалой транспорты ӕппӕт хуызты, энергетикӕйы объектты, бастдзинад ӕмӕ ЦКХ куыст ӕмӕ цӕрджыты цардифтонгад, афтӕ ма тас у, цӕугӕдӕттӕ сӕ былтӕй куы акӕлой ӕмӕ куы фӕласой ныллӕг ӕвӕрд бынӕттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0