ЦХИНВАЛ, 12 июл — Sputnik, Хъотайты Мария. Уӕрӕсейаг Федерацийы уӕлдӕр ахуырадон уагдӕттӕм бацӕуӕн фӕлварӕнтимӕ хуссарирыстойнаг абитуриенттӕй чидӕртӕ сӕмбӕлдысты ахӕм проблемӕйыл, ӕмӕ астӕууккаг ахуыры каст фӕуыны фӕдыл аттестттӕ нымад кӕй нӕ цӕуынц уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндӕтты ӕмӕ сӕ ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы слегализаци кӕнын Хуссар Ирыстоны уӕвӕг УФ-йы минӕварады консулон хайады.
Легализаци нӕ хъӕуы абитуриентты, кӕцытӕ цӕуынц ахуырмӕ Россотрудничествойы уылты квотӕтӕм гӕсгӕ.
Хуссар Ирыстоны ахуырады министр Гасситы Натали бамбарын кодта Sputnik, УФ-йы уӕлдӕр ахуырадон уагдӕттӕм бацӕуыны тыххӕй хуссарирыстойнаг скъолайон аттестаттӕ кӕй хъӕуы легализаци кӕнын 2011 азӕй.
"Хуссар Ирыстонӕй абитуриентты фылдӕр хай цӕуынц квотӕтӕм гӕсгӕ. Уыдон легализаци нӕ хъӕуы. Йӕхи тыхтӕй чи цӕуы ахуырмӕ, уыдон рацӕуынц легализацийы процедурӕ. Уый ӕнӕмӕнгхъӕуӕгдзинады тыххӕй алы абитуриент дӕр зоны, уымӕ гӕсгӕ проблемӕтӕ никуы сӕвзӕры", — загъта министр.
Уый загъта, ацы аз кӕй уыд ахӕм цау ӕмӕ кӕмӕн дӕр ахуырадон уагдоны ныфс бавӕрдтой, кӕй нӕ хъӕуы легализаци, фӕлӕ йын уый фӕстӕ йӕ документтӕ нӕ айстой.
"Ахуырады министрад фӕлвары абитуриенттӕн ӕххуыс кӕнын уӕрӕсейаг коллегӕты ууылты", — загъта Гасситы Натали.
Гимнази "Рухс"-ы ахуыры хайады гӕс Гассеты Ингӕ загъта Sputnik, рауагъдонтӕй бирӕтӕ уӕрӕсейаг уӕлдӕр ахуырадон уагдӕттӕм ахуырмӕ кӕй цӕуынц сӕхи тыхтӕй, фӕлӕ сын документты айстимӕ ницкуы сӕвзӕрд проблемӕтӕ.
"Нӕ документтӕ легализацийы тыххӕй хъуыстгонд стӕм. Ацы аз нӕ рауагъдонтӕ ныридӕгӕн бахаудысты МГИМО-мӕ сӕхи тыхтӕй, ӕнӕ квотӕтӕй. Уыдон ныртӕккӕ сты Мӕскуыйы, ницы зындзинӕдтӕ сын фӕзынд сӕ ахуыры фӕдыл хуссарирыстойнаг документтимӕ", — загъта Гассеты Ингӕ.
Фӕлӕ алы абитуриент ӕмӕ ныййарӕг дӕр зонынц, кӕй хъӕуы легализаци скӕнын аттестат.
Цхинвайлаг Гуыбеты Нинӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ чызг фӕнд кодта бацӕуын ахуырмӕ Краснодары, хореографийы хайадмӕ. Нӕдӕр скъолайы, нӕдӕр культурӕйы министрады, кӕдӕм бахастой квотӕйы тыххӕй сӕ куырдиат, уыдонӕн легализацийы тыххӕй ничи ницы загъта. Ныр рауагъдон ӕнхъӕлмӕ кӕсы йӕ квотӕмӕ, йӕхицӕн йӕ бон не ссис фӕлварӕнтӕ ӕнтыстджынӕй раттын.
Куыд хъӕуы легализаци скӕнын аттестат
Астӕуккаг ахуыры аттестатӕн "легализаци" раттыны тыххӕй абитуриенттӕн хъӕуы къухфыст ФХМ ӕмӕ Ахуырады министрады сӕвӕрын, загъта Sputnik консулон хайады гӕс Цидайты Сослан.
"Легализацийы процедурӕ рацӕуыны тыххӕй развӕлгъау сӕвӕрын хъӕуы ӕртӕ къухфысты — иу ахуырады министрады ӕмӕ дыууӕ та РХИ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады. Ӕрмӕст уый фӕстӕ консулады легализаци бахӕццӕ вӕййы ӕлхынцъон этапмӕ", — загъта Цидайы фырт.
Легализацийы процедурӕ рацӕуынӕн, Цидайты Сосланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, бахъӕуы 45 боны.
"Абитуриенттӕ хъуамӕ рӕстӕгыл батыхсой ацы процедурӕ рацӕуыныл. Ацы аз мах легализаци сарӕзтам 80 документӕн. Уыдон сты ӕууӕнкдартӕ, алыгъуызон фирмӕты юридикон документтӕ ӕмӕ 20 астӕуккаг ахуыры тыххӕй аттестаты", — загъта консулады минӕвар.
Легализаци бафидар кӕныны аргъ консулады у 1650 сомы.
Проблемӕйы скъуыддзаг
Проблемӕ аскъуыддзаг уыдзӕн ӕмбӕлон бадзырд бафысгӕйӕ, кӕцы домы Уӕрӕсейы ахуырады министрад. Хуссарирыстойнаг ахуырадон ведомствӕйы банысан кодтой, ацы куыстмӕ раджы кӕй ӕрӕвнӕлдтой ӕмӕ йын ӕввахс рӕстӕджы кӕй уыдзӕн фӕстиуджытӕ.
Ахуырады минист Гасситы Натали куыд радзырдта, афтӕмӕй 2015 азы РХИ ӕмӕ УФ ахуырады министрӕдты хсӕн бафыстӕуыд уӕлӕмхас бадзырд, кӕцы дӕтты фадат бафыссын ноджы иу бадзырд кӕрӕдзи документтӕ банымайыны фӕдыл.
"Абоны онг бирӕ куыст бакондӕуыд документ бацӕттӕ кӕныны фӕдыл. Ахуырад ӕмӕ специалистты квалификацийы тыххӕй документты банымайыны фӕдыл бадзырды текс ӕрӕмдзых кодтам УФ ахуырады министрады, афтӕ ма Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрӕдты", — банысан кодта министр.
Гасситы Натали ныфс бавӕрдта, ацы аз сентябры документ кӕй уыдзӕн цӕттӕ бафыссынмӕ, уый фӕстӕ скъолайон аттестаттӕ, афтӕ ма ХИПУ дипломтӕ ӕмӕ бирӕпрофилон колледжы дӕр кӕй "кусдзысты" Уӕрӕсейы.