Фӕстаг "Ныфс"

© Sputnik / Мария КотаеваЦентр "Ныфс"
Центр Ныфс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Реабилитацион центр "Ныфс"-ы нӕй тызмӕг цӕсгӕмттӕ, тар палатӕтӕ ӕмӕ тарст рынчынтӕ. Ам хоскӕнынады уавӕртӕ хъахъхъӕнын амынӕтӕй хи ссӕрибар кӕнынимӕ иумӕ алыхаттдӕр дӕттынц фӕстиуджытӕ.

ЦХИНВАЛ, 22 июл — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны реабилитацион центр "Ныфс" ныр 12 аз ӕххуыс кӕны адӕмӕн нозты амынӕтӕй фервӕзын. Медикаментозон хоскӕнынад ам баххӕст кӕнынц спорт ӕмӕ фӕллойадон терапийӕ — пациенттӕ зилынц сӕхи чысыл хӕдзарадмӕ.

"Ныфс" арӕзт у 15 пациентӕн. Ныртӕккӕ центры реабилитацийы регулярон курс цӕуынц 11 адӕймаджы. Фылдӕр хатт ардӕм пациенттӕ ӕрбахауынц фыднозты фӕстаг стадийыл. Центры директор Къӕбысты Эрнайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, "пациенттӕй иутӕ ӕрбацӕуынц сӕхӕдӕг, сӕ критикон уавӕр куы бамбарынц, уӕд, аннӕты та ӕрбакӕнынц сӕ хӕстӕджытӕ".

Эрна дохтыры карьерӕ райдыдта анестезиолог-реаниматологӕй. Психиатры профессийыл фӕхӕст фӕстӕдӕр — "Ныфс"-ы сӕргъ куы ӕрлӕууыд, уӕд.

Цхинвалы скъола-интернат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Интернат куыд райгуырӕн къуым. Фӕлӕ дарддӕр та цы?..

Йӕ пациенттимӕ ис ӕууӕнкон ахастыты. Семӕ дӕргъвӕтин ныхӕстӕй уый бамбӕрста, адӕмӕн сӕ фылдӕр хорз кӕй сты, фӕлӕ дзы иутӕн, куыд фӕзӕгъынц, "царды нӕ атылд".

Реабилитацион период адард вӕййы ӕртӕ-ӕхсӕз мӕйы. Хаттӕй хатт, реабилитацийы фӕстӕ, пациенттӕ ӕрбаздӕхынц ӕрдӕг — иу азы фӕстӕ, уымӕн ӕмӕ центрӕн ӕдде сӕхицӕн сӕ бон нӕу тох кӕнын нозты амынӕтимӕ. Уыдон рацӕуынц хоскӕнынады фӕлхаттон курс. Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ пациенттӕй кӕцыдӕртӕ халынц центры мидӕггагон режим. Ахӕм ӕнӕуаг адӕмы та, гӕнӕн ис, ӕмӕ феддӕдуар кӕной.

"Нӕ центры хоскӕнынады иууыл сӕйрагдӕрдӕр у, цӕмӕй пациентӕн йӕхи фӕнда алкоголон амынӕтӕй феврӕзын", — загъта Къӕбысты Эрнӕ.

Реабилитаци цӕуы дыууӕ этапӕй — медикаментон ӕмӕ фӕллойадон.

"Адӕймаг ӕвиппайды фыднозт кӕнын куы ныууадзы, уӕд ӕрлӕууы абстинентон синдром — йӕ цармбуар ныссырх вӕййы, цæстыгагуытӕ анӕрсынц, фехӕлы зӕрдӕйы системӕйы куыст, уӕнгтӕ ныккӕлынц. Абстиненцийы стадийыл центры медперсонал пациентӕн бакӕны медицинон ӕххуыс. Дохтыртӕ бафӕлварынц адаргъ кӕнын ремисси, ома низӕй рӕстӕгмӕ схос", — дзуры центры сӕргълӕууӕг.

© Sputnik / Мария КотаеваЦентр "Ныфс"
Центр Надежда - Sputnik Хуссар Ирыстон
Центр "Ныфс"

Хоскӕнынады дыккаг этап у фӕллойадон терапи. Центры территорийыл ис чысыл цӕхӕрадон, Малдайы хъӕуы та пациенттӕ кусынц ӕмӕ кӕсынц "Ныфс"-ы хӕдзарады хъуццытӕ ӕмӕ мыдычыргъæдтӕм. Ӕппӕт ацы цыдӕртӕ сты ахъаз зианхӕссӕг амынӕтӕй хи иппӕрд кӕнынӕн.

"Мах кӕрдӕм хос хъуццытӕн. Абон хъавыдыстӕм Малдамӕ ацӕуын, фӕлӕ интернеты къӕвда загътой, ӕндӕра нӕ ам не ‘рбаййӕфтаиккат. Центрӕн Малдайы ис хъӕууон хӕдзар, дарӕм мыдычыргъæдтӕ ӕмӕ хъуццытӕ. Нӕ пациентты менюйы вӕййы хӕдзарон ӕхсыр ӕмӕ цыхт. Ивгъуыд къуыри ценрты пациенттимӕ карстон хос", — дзуры центры директор.

"Ныфс"-ы пациенттӕ, дохтыртӕ ӕмӕ лӕггадгӕнӕг персоналы ӕхсӕн рагӕй ӕрфидар сты хӕларадон ахастытӕ. Къӕбысты Эрнӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрӕджы центрӕн ӕлхӕд ӕрцыд стыр плазмӕйон телевизор, йӕ сӕвӕрдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕнӕрхъӕцӕй.

Дзӕгъӕлӕй лӕууы ӕрмӕст стъолы теннис, уымӕн ӕмӕ, нӕлгоймӕгты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнтӕфы теннисӕй хъазын зын у.

Къӕбицы ис идеалон уагӕвӕрд ӕмӕ сыгъдӕгдзинад. Сӕйраг залмӕ бацӕуӕны ауыгъд сты Ирыстонӕй Советон Цӕдисы хъайтарты къамтӕ. Эрнайы ныхӕстӕ гӕсгӕ, центры кӕддӕр хоскӕнынад цыд Советон Цӕдисы хъайтартӕй иуы хъӕбулы хъӕбул.

"Фӕлвӕрдтон йӕ дадайы хъӕбатырдзинад ӕмӕ авторитеты уылты ууыл бандавын. Ссардтон интернеты хъайтары къам, ныммыхуыр ӕй кодтон ӕмӕ йӕ ӕрцауыгътон ам, цӕмӕй йын намысы хъӕлӕс баххуыс кӕна нозтыл фӕтых уӕвын", — дзуры дохтыр.

Реабилитацион центры пациенттӕй ис, 60 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, ахӕмтӕ. Къӕбысты Эрнайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрбахауы сӕм 25-аздзыд ӕрыгон лӕппутӕ дӕр фыд нозт кӕныны хроникон стадийыл.

Иууылдӕр сты хорз адӕм. Ӕддаг бакастӕй кӕд зӕрдӕмӕдзӕугӕ не сты, уӕддӕр сты хӕларзӕрдӕ.

© Sputnik / Мария КотаеваЦентр "Ныфс"
Центр Надежда - Sputnik Хуссар Ирыстон
Центр "Ныфс"

Пенсиисӕг Хъӕцмӕзты Сергей (ном ӕмӕ мыггаг аивтам) советон дуджы ахста стыр бынат республикӕйы, "интеллигент астӕумагъзы онг". Абон уый фыднозты амынӕтӕй дарддӕр тыхсы психикӕйы хӕлдӕй дӕр. Фӕлӕ ацы уӕззау низтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, уый йӕхи дары хорз, ис ын раст ныхас ӕмӕ зӕнджын цӕстӕнгас.

Психиатры ныхӕстӕм гӕсгӕ, фылдӕр хатт зын вӕййы бамбарын, фыццаджыдӕр цӕй мидӕг ис пациенты бӕллӕх — психикон хӕццӕдзинад ӕви нозты дӕлбарад.

"Иумӕйагӕй сисгӕйӕ, уыдон иууылдӕр сты тынг хӕларзӕрдӕ адӕм. Семӕ ныхасгӕнгӕйӕ, ӕрцӕуын ахӕм хатдзӕгмӕ, уыдон цӕмӕйдӕрты кӕй сты хуыздӕр, йӕхи бынтон ӕнӕниз ӕмӕ социалон ӕгъдауӕй йӕхи ӕвыдыл чи нымайы, уыцы адӕмӕй", — банысан кодта психиатр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, центр йӕ пациенттимӕ нӕ сафы бастдзинӕдтӕ реабилитацийы фӕуды фӕстӕ дӕр.

"Кӕддӕрты горӕты мӕ раздӕры пациентты ӕрвонгӕй куы фенын, уӕд мӕ зӕрдӕ ныррухс вӕййы", — дзуры центры директор.

Сергей Остафийчук у Керчӕй рацӕугӕ. 2008 азы хӕсты фӕстӕ уый Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцыд арӕзтадон компани "Спецстрой"-ы сконды. Арӕзтадон объектыл уый рахауд стыр бӕрзӕндӕй, бахауд рынчындонмӕ, уырдыгӕй рахызт лӕдзгуытимӕ.

"Хуссар Ирыстонмӕ куыстагур ӕрхаудтӕн ӕхсӕз азы размӕ. Центры цӕрын ныр ӕртӕ азы. Ам нӕм ис тынг хорз ӕркаст, хӕрзад хӕринӕгтӕ. Ам ӕз ссардтон хӕлӕрттӕ. Хӕдзары, Луганскы областы, мӕнӕн ничиуал ис, нал мын, кӕдӕм ма аздӕхон, уый. Мӕскуыйы мӕ чызг цӕры, фӕлӕ…", — дзуры Сергей, фӕлӕ йӕ цӕст нал бауарзта бафтауын, чызг йӕ былыцъӕрттӕ кӕй нӕ хӕры йӕ фыды центрӕй йӕхимӕ акӕнынмӕ.

Остафийчук у аразӕг, уымӕ гӕсгӕ активонӕй ӕххӕст кӕны центры цалцӕггӕнӕн куыстытӕ.

Медицинон процедурӕты хатӕн у хӕрзӕфснайд ӕмӕ сыгъдӕг. Хосты флаконтӕ ӕмӕ къоппытӕ рӕгъ-рӕгъ ралӕууыдысты тӕрхджытыл. Ам алы райсом дӕр райдайы хосгӕнӕн процедурӕтӕй.

Ленингоры сывæллæтты хæдзар: иунæг ӕнӕхъӕн республикæйы

Центры ӕдӕппӕт кусы 29 адӕймаджы. Дыууӕ дохтыр ӕмӕ дыууӕ медицинон хо дзуапп дӕттынц хоскӕнынадӕн. Пациентты куыстыл бафтауын ӕмӕ центры сӕ комфортабелон уӕвынад та ис мыдгӕс, хъугдуцӕг, фыййау, хӕринаггӕнӕн ӕмӕ хъахъхъӕнӕджы хъусдарды бын.

Центр дарыны хӕрдзтӕ, медикаменттӕ, хӕрд ӕмӕ инвентарь хицӕн кӕны республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад.

"Медикаменттӕй нӕ ӕдзухдӕр ифтонг кӕнынц, куыд ӕмбӕлы, афтӕ. Хъастгӕнӕн ницӕмӕй ис. Мах кӕд ӕххӕст хосгӕнӕн центр не стӕм, уӕддӕр иууылдӕр стӕм ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады ифтонгадыл.

Уый фидарӕй уырны, зӕгъгӕ, центрӕй арӕзт куы ӕрцӕуид медицинон уагдон хосгӕнӕн лӕггӕдты уӕрӕх спектримӕ, уӕд йӕ архайд уыдзӕн бирӕ фӕстиуӕгджындӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0