Гӕззаты Валерий: Ирыстоны футболы тыххӕй стыр бӕллицтӕ баззадысты ивгъуыды

© Sputnik / Дзерасса БиазартиГӕззаты Валерий
Гӕззаты Валерий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Справедливая Россия" хъавы Паддзахадон Думӕйы зындгонд тренеры фӕлтӕрддзинадӕй спайда кӕнын дунейы чемпионаты размӕ футболы рацарӕзты хъуыддаджы.

ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik, Биазырты Дзерасса. Бынтон ӕнӕнхъӕлӕджы "Справедливая Россия"-йы цӕгаткавказаг партион хыгъдты сӕргъ ӕрлӕууыд Ирыстонӕй ацӕугӕ Гӕззаты Валерий. Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды ӕмӕ дзӕуджыхъӕуккаг "Алания"-йы раздӕры тренеры хъӕуы ӕрӕмбырд кӕнын 230 мин хъӕлӕсы цӕгаткавказаг республикӕты, цӕмӕй райса бынат паддзахадон Думӕйы.

Дзӕуджыхъӕуы цы пресс-конференци уагъд цыд, уым Гӕззаты Валериимӕ хайад райста "Справедливая Россия"-йы разамонӕджы хӕдивӕг Александр Бурков.

Гӕззаты Валерий радзырдта, "Справедливая Россия"-йы цӕгаткавказаг партион хыгъдты сӕргъ ӕрлӕууыны хъӕппӕрис кӕй раразмӕ кодта Сергей Миронов ӕмӕ ныр кӕ ӕлхынцъ кӕны йӕ кусӕгон балц регионыл, ӕмбӕлы цӕгаткавказаг республикӕты къухдариуӕгад ӕмӕ дзыллӕйадимӕ.

Гæззаты Валерий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гæззаты Валерий чизоны ацӕуа Думæйы æвзæрстытæм "Справедливая Россия"-йæ

"Ныридӕгӕн мах уыдыстӕм Дагъыстан, Цӕцӕн, Мӕхъӕлы, ныр ӕрцыдыстӕм ардӕм, уый фӕстӕ фембӕлдзыстӕм Кӕсӕг-Балхъары республикӕйы къухдариуӕгад ӕмӕ дзыллӕйадимӕ, кӕронбӕттӕны та бацӕудзыстӕм Хъӕрӕсе-Черкесмӕ. Мӕныл ис тынг егъау бӕрн, уымӕ гӕсгӕ партийы тыхтӕй сараздзӕн алцыппӕтдӕр, цӕмӕй бандавон ацы республикӕты социалон цардыл",- банысан кодта Гӕззаты Валерий.

Александр Бурков та банысан кодта, Гӕззаты Валерийы ӕнӕнхъӕлӕджы кӕй нӕ фӕхуыдтой партийы регионалон къорды сӕргъ ӕрллӕууын, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый комкоммӕ баст у уыимӕ ӕмӕ

Уӕрӕсе кӕй ис дунейы чемпионат футболӕй ауадзыны къӕсӕрыл. Бурков банысан кодта, Паддзахадон Думӕйы кӕй хъавынц Гӕззаты Валерийы кусӕгон потенциалӕй спайда кӕнын ӕмӕ раздӕры тренер нӕ футболы рацарӕзты фӕдыл федералон ӕмвӕзадыл цы ӕнхъарӕнтӕ бахаста, уыдон бахынцын.

"Дунейы чемпионаты агъоммӕ Цӕгат Ирыстоны минӕварад Гӕззаты Валерийы сӕргълӕудӕй бандавдзӕн уавӕрыл ацы аз нӕ ӕмбырдгонды худинаджы басасты фӕстӕ. Рӕстӕг бирӕ нал баззад, фӕлӕ йӕ фӕлтӕрддзинад хынцгӕйӕ, мӕн ныфс ис ӕмӕ мах бандавдзыстӕм 2018 азмӕ нӕ ӕмбырдгонды цӕттӕдзинадыл. Мах хъавӕм Валерий Георгийы фырты зонындзинӕдтӕ ӕмӕ курдиатӕй спайда кӕнын алы спортивон дисциплинӕйы дӕр ӕмӕ нымайӕм, уый кӕй у Паддзахадон Думӕйы спорты фӕдыл комитеты сӕргъ чи слӕууа, ахӕм кандидатурӕ", — радзырдта Бурков.

Спортивон клуб "Алания"-йы кӕуинаг хъысмӕты тыххӕй фарстыл дзуапп дӕтгӕйӕ, уый комкоммӕ загъта, футболон клубы ныппырхы аххосджын кӕй у республикӕйы уӕды къухдариуӕгад. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, 2011 азы клубмӕ фӕхуындыл уый сразы ӕрмӕстдӕр патриотикон ӕнкъарӕнтӕй, цӕй тыххӕй фехӕлдта архайгӕ контракт Киевы. Ирыстонмӕ ӕрӕздӕхт, цӕмӕй клуб ракӕна лидертӕм, ӕмӕ йӕ разы ӕвӕрд нысӕнттӕ сӕххӕст кодта.

"Командӕйӕн финанстӕ хицӕн кодта республикӕ, хицауад. 2013 азы, командӕ Уӕлдӕр лигӕмӕ куы хызт ӕмӕ цыд дыккаг бынатыл, хъазджытӕн ӕмӕ мӕхицӕн дӕр мызд нӕ фыстой ӕвдгай мӕйты дӕргъы. Махӕн ӕндӕр гӕнӕн нал уыд, чемпионатӕй нӕхи сисынӕй дарддӕр. Хъазджытӕ ӕмӕ Гӕззаты Валерийы аххосӕй нӕ, фӕлӕ республикӕ ӕмӕ хицауад командӕйӕн мызд кӕй нӕ фыста, уый аххосӕй", — банысан кодта Гӕззаты Валерий.

Sputnik фарстӕн, ӕрӕджыйы скандалы фӕдыл, социалон хызӕгты футболон бренд "Алания"-йы сыхаг Мӕхъӕлӕн ауӕй кӕныны тыххӕй информаци куы апарахат, Гӕззаты Валерий фидарӕй загъта, уыцы хъуыддагӕн ӕрцӕуӕн кӕй нӕй.

Гæззаты Валерийы пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гæззаты Валерий бафидар кодта, кæй цæуы Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæм

"Уый ӕрцӕуинаг хъуыддаг нӕу. Ацы темӕйы фӕдыл мын ӕрӕджы уыд ныхас "Справедливая Россия"-йы регионалон баиугӕнды разамонӕгимӕ — ацы фарстыл дзӕрд дӕр нӕй!", — загъта зындгонд тренер.

Гӕззаты Валерий куыд банысан кодта, афтӕмӕй Цӕгат Ирыстоны раздӕры хицауады аххосӕй абон республикӕйы нӕй нырыккон стадион ӕмӕ республикӕйӕн нӕй фадат йӕхимӕ райсын дунейы чемпионат футболӕй.

Зындгонд тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрмӕст дунейы чемпионат райсыны фӕдыл бӕллицтӕн нӕ загътам хӕрзбон, фӕлӕ ма Ирыстоны футболимӕ баст стыр бӕллицтӕн дӕр. Цавӕрдӕр ностальгиимӕ, зындгонд тренер ӕмӕ депутаттӕм кандидат, ӕрӕмысыд пресс-конференцийы рӕстӕджы 1995 аз ӕмӕ банысан кодта, кӕй йӕ фӕндид "Алания"-йы триумфы аз, ӕппӕт ирон адӕм цы иудзинад равдыста, уымӕн ногӕй ӕвдисӕн суӕвын.

Ног хабӕртты лентӕ
0