Цхинвалы мэр: горӕты зӕххы фадыг райсын алкӕмӕн дӕр ис фадат

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæСылгоймаг сывӕллонимӕ. Микрорайон "Мӕскуыйаг"
Сылгоймаг сывӕллонимӕ. Микрорайон Мӕскуыйаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Горӕты администрацийы куы ӕрӕмбырд вӕййы цы ӕмбӕстӕгты фӕнды райсын зӕххы фадгуытӕ, уыдоны куырдиӕтты фаг нымӕц, уӕд ацы куырдиӕттӕм ӕркӕсы сӕрмагонд коллеги, кӕцы рахӕссы скъуыддзаг зӕххы фадыг рахицӕн кӕныны тыххӕй.

ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik, Козаты Дианӕ. Горӕты администраци сӕрмагонд коллеги суыддзаг кӕны адӕмӕн зӕххы фадгуытӕ рахицӕн кӕныны фарстытӕ.

Колхозон базар Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы фӕзынд ног базар

Фӕстаг цалдӕр азы мидӕг Цхинвалы территори бӕрӕг фӕуӕрӕхдӕр цӕгатварс цалдӕр микрорайоны арӕзт кӕй ӕрцыд, уый фӕрцы. Уым ма фӕзынд цалдӕр социалон ӕмӕ ӕхсӕнадон объекттӕ — ленгкӕнӕн бассейн, паддзахадон ансамблы бӕстыхай, кафе, ӕртагкӕнӕн станцтӕ.

Фӕлӕ ныр дӕр горӕты цӕгатварс ис бирӕ сӕрибар зӕххы фадгуытӕ, уыдонӕй иу хай лӕвӕрд ӕрцыд ног хицӕуттӕн, иннӕтӕ сты горӕты администрацийы бӕрны.

Sputnik бацымыдис кодта, кӕмӕн ӕмӕ цы ӕгъдауӕй ис фадат райсын горӕты зӕххы фадыг. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй ахӕм фадат ис республикӕйы алы ӕмбӕстагӕн дӕр.

"Зӕххы фадыг райсыны фадат алкӕмӕн дӕр ис, чидӕриддӕр цӕры Хуссар Ирыстоны. Зӕхх дихгонд цӕуы ахӕм ӕгъдауӕй — ӕмбӕстаг фыссы куырдиат горӕты администрацийы сӕргълӕууӕджы номыл, цӕмӕй йын рахицӕн кӕной зӕххы фадыг горӕты. Уый ӕмрӕстӕджы, хъуамӕ банысан кӕна, цы йӕ фӕнды саразын ацы фадыгыл — хӕдзар, дукани ӕви ӕндӕр исты", — загъта горӕты мэр Ӕлборты Алан.

Горӕты администрацийы куы ӕрӕмбырд вӕййы фаг куырдиӕтты нымӕц, уӕд ацы куырдиӕттӕм ӕркӕсы сӕрмагонд коллеги, кӕцы рахӕссы скъуыддзаг зӕххы фадыг рахицӕн кӕныны тыххӕй.

Мэры ныхӕстӕм гӕсгӕ, фыццаг радмӕ бахаст ӕрцӕуынц, рахицӕнгонд фадыгыл реалонӕй объект чи сараздзӕн, уыдон.

"Фадыг райсын кӕй фӕнды, уыцы адӕмы нымӕц у тынг стыр, фӕлӕ фарст уый мидӕг ис:" Исты сараздзысты ӕви нӕ, ацы фадыгыл". Практикӕ куыд уынын кӕны, афтӕмӕй фадгуытӕ лӕвӕрд цыдысты нырмӕ дӕр, фӕлӕ дзы ис ахӕмтӕ, цыран дӕргъвӕтин рӕстӕг ницы арӕзтад цыд. Нырӕй фӕстӕмӕ афтӕ нал уыдзӕн", — банысан кодта Ӕлборты Алан.

Ӕлборты Алан ма загъта, Цхинвалы цӕгатварс фӕндаггӕрон кӕй нӕ уыдзӕн сӕудӕджерадон ӕмӕ ӕндӕр кондадтӕ, афтӕ ма хисӕрмагонд хӕдзӕрттӕ. Горӕты генералон нывӕзтмӕ гӕсгӕ, ацы территорийыл хъуамӕ ӕрцӕуой арӕзт ӕхсӕнадон-хъуыддагон нысаниуӕджы объекттӕ",- ныфс бавӕрдта столицӕйы мэр.

Ацы территорийыл раздӕр цы ӕмбӕстӕгты хӕдзӕрттӕ уыд, уыдонӕн та зӕххы фадгуытӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн ӕндӕр бынӕтты. Уыимӕ иумӕ, раздӕры 25 соткӕйы бӕсты, бинонтӕ райстой 10 соткӕтӕ.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мэрия: Цхинвалы цæгатварс объекттæ хъуамæ арæзт цæуой генпланмæ гæсгæ

"Алы бинонтӕн дӕр рахицӕн ӕрцыд 10 соткӕйы, кӕд ӕмӕ горӕты ацы фӕзуат ӕхсӕзӕй фылдӕр ма хъуамӕ уа. Фӕлӕ раздӕр сӕ зӕххы фадгуытӕ 25 соткӕтӕ кӕй уыдысты, уый тыххӕй сын сӕ къух сарӕзтам ӕмӕ сын фӕфылдӕр кодтам сӕ фадгуыты фӕзуат. Ӕмбӕстӕгты ацы категорийӕн ныридӕгӕн рахицӕнгонд ӕрцыд 800 зӕххы фадыгӕй фылдӕр", — загъта мэр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныр ӕмбӕстӕгтӕ ӕмбырд кӕнынц ӕнӕмӕнгхъӕуӕг документтӕ ӕмӕ ӕнӕхъӕн пакет куыддӕр ӕрӕмбырд уа, уӕд сыл мэрия сфидар кӕндзӕн ног зӕххы фӕдгуытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0